Экологон къахвæндæгтæ

0
44

Цæгат Ирыстоны Туризмы райрæзты фонды кусджытæ æмæ Экскурсиамонджыты ассоциацийы минæвæрттæ регионы экологон къахвæндæгты уавæр сбæлвырд кодтой.

Эксперттæ уæлдай фылдæр æргом аздæхтой Мидæгрæбинаг æмæ «Зиллаччы» æхсæрдзæнтæм. Туристты удæнцойдзинадæн фæндагамонæнтæ æмæ информацион уартытæ фидаргонд кæм æрцæудзыс-ты, иртасынады рæстæг ахæм бынæттæ бæлвырдгонд æрцыдысты.

Фиппаинаг: æндæраз амынд фонд «Зиллаччы» æхсæрдзæнмæ экологон къахвæндаг парахатæй рацарæзта. Фондæй ист фæрæзты æмæ фысымуат «Роза ветров»-ы финансон æххуысы фæрцы чысыл хидтæ ногтæй баивтой, нывыл къухæнцæйттæ бафидар кодтой, удæнцой фæхсбандæттæ сæвæрдтой, стæй æдасдзинады фæткы тыххæй гæххæттыл фыст хъусынгæнинæгтæ объекты фæзындысты. Амынд
куыстыты фæуды фæстæ сæххæст кодтой арæзтадон æппарæццæгтæ æрæмбырд кæныны фæдыл экологон акци.

Фарон Хъобаны æхсæрдзæн «Фырыдон»-мæ экологон къахвæндаг рацарæзтмæ цæттæ кæнын райдыдтой. Специалисттæ сæйраг арæзтадон куыстыты номхыгъд сбæлвырд кодтой.

 

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here