Таболты Иринæйæн

0
35

Таболты Иринæ, зæгъгæ, сдзур, æмæ уайтагъд дæ зæрдыл æрлæудзысты
хъуыдыйæ, мидисæй, æнкъарæнтæй дзаг репортажтæ. Ирыстоны цæрджытæ – цы Хуссары, цы Цæгаты – бирæ тыхстдзинæдтæ бавзæрстой, зындзинæдты сæрты хызтысты. Уыцы-иу рæс-тæг семæ æмдзу кодта, йæ алы ныхасæн дæр дзуапп чи лæвæрдта, уыцы ном-дзыд журналист Таболты Иринæ. Куыдæй йын æнтыст уыцы ахсджиаг репортажты фæрцы телеэфиры ирæтты царды хабæрттæ дзурын, дунеон æмæхсæнады æргом сæм здахын?! Фæлæ æнтыст!

Дæ фыдæбæттæ Ирыстонæй рох не сты, цы – Хуссары, цы – Цæгаты. Дæ райгуырæн боныл сæмбæлдтæ, æмæ дзы райгонд у,  Иринæ. Æнæнизæй, æнæмастæй, дæ кæстæрты цинæй цинæйдзагæй цæр, Ирыстоны хæрзæбонæн фæфыдæбон кодтай, æмæ дын стыр бузныг!

 

Газет «Рæстдзинад»-ы коллектив

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here