Культурон бынты объекттæ

0
46

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым рæгъмæ рахастæуыд культурон бынтæ хъахъхъæныны фарстатæ. Ныхас цыд 2025 азы куысты хатдзæгтыл, уымæй дарддæр фæбæрæг кодтой фидæны нысантæ.

Культурон бынты объекттæ хъахъхъæныны комитеты сæрдар Гулуты Ацæмæз куыд радзырдта, афтæмæй республикæйы сбæрæг кодтой культурон бынты 722 объекты. Сты федералон æмæ регионалон ахадындзинадимæ. Уымæй уæлдай, республикæйы рабæрæг сты культурон бынты 1200 объекты. Федералон ахадындзинадимæ культурон объекттæй 300 бахастой бахъахъхъæныны хыгъд-мæ, 166 та сты регионалон ахадындзинады хыгъды.

Ахæм бынæттæ фарон сфидар кодтой 88, куыст цæудзæн дарддæр. Комитет археологон объект-тæн сæ арæнтæ бæрæг кæны. Ныридæгæн 21 ахæм арæны сбæрæг сты. Дзанайты Барис æргом аздæхта культурон бынты объекттæ бахъахъхъæныны тыххæй федералон ведомствæтимæ æмгуыстадмæ. Йæ хатдзæгмæ гæсгæ, абон бирæ сты культурон бынтæ реставраци æмæ реконструкци кæныны фадæттæ. «Мах хъуамæ æппæт уыцы нысантæм уæм уæлдай къæрцхъус. Уый нæ истори у, æмæ йæ хъуамæ бахъахъхъæнæм, фидæны фæлтæртæм сæ адæттæм», – загъта Хицауады Сæрдар.

Дзæуджыхъæу цы культурон бынты хицау у, уыдонæн 1987 азæй фыццаг хатт комитеты хъæппæрисæй куыст цæуы бахъахъхъæныны бынæтты тыххæй проектыл. Нырмæ дæр сбæрæг кодтой æмæ дыууæ историон бынатæн сæ арæнтæ сфидар кодтой. Афтæмæй горæты историон хайæн тæссаг нæ уыдзæн æмтъеры арæзтæдтæй. Республикæйы Хицауады Сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ Цæгат Ирыстонмæ тынг бирæ туристтæ цæуы, ног маршруттæ сын аразынц. Культурон, археологон бынтæ сæхимæ æлвасынц туристты, уыдоны ‘хсæн ис «Мамысон»-ы курорт дæр.

Культурон æмæ археологон бынтæ бахъахъхъæныны тыххæй Дзанайты Барис фæсидт бынæттон раза-мындмæ, цæмæй амалхъомады æмæхсæнадимæ æмгуыст кæной. Стыр æргом фарстамæ аздахын хъæуы Экономикон рæзты министрады дæр. Дзанайты Барис куыд радзырдта, афтæмæй социалон хызты бакæсæн вæййы респуб-ликæйы цæрджыты фыс-тæджытæ. Уыдон дзурынц культурон бынты объектты уавæрыл. «Алы районы дæр сты уыцы объекттæ, сæ алкæмæн дæр скæнын хъæуы «фæндаггон картæ», уырдæм бахæссын сæ бахъахъхъæныны, сæ фæзуатмæ базилыны мадзæлттæ, информацион фæйнæджытæ дзы сæвæрын. Хъуамæ сæ сыгъдæгдзинадæй бæрæг дарой. Амалхъомады минæвæртты дæр хъуыддагмæ раздахын хъæуы», – радзырдта Хицауады Сæрдар.

Цæгат Ирыстоны культурон бынтæй æнæхицау чи у, уыдонæн саразын хъæуы исбонады бартæ. Уыцы хæстæ Хицауады размæ æвæры РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Культурон бынтæ бахъахъхъæныны комитет ныридæгæн арвыста 23 курдиаты, цæмæй федералон ахадындзинадимæ объекттæ бахъахъхъæнынæн федералон центр фæрæзтæ радих кæна.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here