Ацы аз Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт ацæудзæн конкурс «Афæдзы уынаффæгæнæг», Уæрæсейы Президенты бардзырдмæ гæсгæ, хъомыладæй директоры уынаффæгæнæджы кусæн бынат та фæзындзæн бæстæйы алы ахуыргæнæндоны.
Ацы фарстатыл ныхас цыд, национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-мæ хауæг проект «Сабидуджы фæндагамонджытæ» нæ рес-публикæйы куыд æххæст кæнынц, уый фæдыл æмбырды рæстæг.
Нæ республикæйы ахуырады министр Алыбегты Эллæ кæй амыдта, уыцы æмбырды архай-джытæ биноныг æрныхас кодтой ахуыргæнæндæтты разамонджыты уынаффæгæнджыты архайдыл (уыимæ – хъомылады прог-раммæтæ æххæстгонд куыд цæуынц, стæй ахуыргæнæндæтты администрацитимæ æмгуыстад куыд цæуы, уыдæттыл).
Уæлдай фылдæр æргом аздæхтой кадрты фарста лыг кæныны хъуыддагмæ. Уынаффæгæнæджы бынатмæ кандидатты конкурсон уагæй æвзарын æмæ уынаффæгæнæджы архайды фæдыл сæрмагонд курс уæлдæр педагогон скъолаты программæтæм бахæссыны фарстатæ нымад уыдысты фыццаградонтыл.
Проект «Сабидуджы фæндагамонджытæ»-йы дзыллон мадзæлттæ æххæстгонд цæмæй æрцæ-уой, уый тыххæй æмбæлгæ бюджет бацæттæ кæнын кæй хъæуы, æмбырды архайджытæ уый бафиппайдтой.
2026-2027 ахуыры азæй фæстæмæ мызды бæрцытæ фидаргонд кæй æрцæу-
дзысты, стæй, курдиæттæ парахатæй исын кæй райдайдзысты, уыдæттæ Цæгат Ирыстоны ахуырады системæйы хъомыладон къабаз фæфидар кæнынæн ахъаз кæндзысты.
РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукайы
министрады
пресс-службæ














