Республикæйы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис æмæ Уæрæсейы Федерацийы транспорты министры хæдивæг Алексей ШИЛО æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны транспорты къабаз размæ ракæныны хъуыддагыл.
Мæскуыйы сын цы фембæлд уыд, уым ныхас цыд транспорты куысты хæрзхъæддзинадыл æмæ инфраструктурæйы райрæзтыл. Йæ саразыны хъæппæрис равдыста Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Фембæлды ма уыдысты Уæрæсейы Транспорты министрады автомобилон æмæ бæлццæттæ ласыны горæтаг транспорты къабазы паддзахадон политикæйы департаменты разамонæг Александр Васильченко æмæ РЦИ-Аланийы Транспорты комитеты сæрдар Захъаты Алан.
Нæ республикæйы ныридæгæн дæр æххæстгонд æрцыд æхсæнадон транспорт ног машинæтæй раивыны егъау куыст. Федералон фæрæзты фæрцы æлхæд æрцыд 28 ног трамвайы. Къазнайады сæрмагонд æфстæутты, стæй лизингы фæрцы æлхæд æрцыд 212 ног автобусы. Æмæ ацы куыст хъæудзæн адарддæр кæнын.
Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй ныртæккæ уæлдай ахсджиагдæр у Дзæуджыхъæуы æхсæнадон транспорты куыст рацаразын. Зæронд транспорт ногæй раивыны куысты æргом здахын хъæуы канд адæмы æдасдзинадмæ æмæ бæлццæттæн фадæттæ аразынмæ нæ, фæлæ, се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ сæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, уыцы адæмæн дæр транспортæй пайда кæнынæн æнцон уавæртæ аразынмæ дæр. Æхсæнадон транспорты алы ран дæр хъуамæ уа хъусынгæнинæгтæ экраныл, стæй, банчы картæйæ фæндаггагæн бафидæн кæмæй ис, ахæм системæтæ.
Æхсæнадон транспорт республикæйы сног кæныны программæйы архайыны фæрцы
хæстæгдæр æртæ азмæ Цæгат Ирыстонæн федералон бюджетæй лæвæрд æрцæудзæн субсиди 300 милуан сомæй фылдæр.
Æмбырды архайджытæ ма æрныхас кодтой æхсæнадон транспорт æлхæнынæн æмæ профилон инфраструктурæ рацаразынæн уæлæмхасæн финансон æххуысы æндæр гæнæнтыл дæр. Хицæн ныхасы аккаг ссис горæтаг электронон транспорты инфраструктурæ райрæзын кæныныл.
– Цæгат Ирыстон йæ ных дары æхсæнадон транспорты къабаз рацаразынмæ æмæ, йæ куыст хæрзхъæддæр цæмæй уа, ууыл архайы. Транспорты къабаз рацаразыны хъуыддаджы æрцыд бирæ ивддзинæдтæ, фæлæ ноджы фылдæр куыст нырма ис ра-
зæй. Фæнды нæ, цæмæй Цæгат Ирыстон фылдæр æмæ арæхдæр архайа Уæрæсейы Федерацийы Транспорты министрады хъæппæристæ æмæ нымæцон технологиты. Æппæт ног фæрæзты нысан у бæлццæтты ласыны æдасдзинад фылдæр кæнын æмæ сын сæ уавæртæ хуыздæрæй-хуыздæр кæнын. Уыцы хъуыддаджы нын федералон оргæнты ‘рдыгæй дарддæр дæр æххуыс кæй уыдзæн, ууыл нæ зæрдæ дарæм, – загъта республикæйы Хицауады Сæрдар.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














