Бæрæг ивддзинæдтæ

0
89

Цæгат Ирыстоны кæронмæ ахицæн «Водоканл»-ы кондадон базæйы рацарæзт. Хæрзæрæджы дæр ма «Водоканал»-ы кусджытæн сæ бынат уыд рагон, зæронд, йæ инфраструтурæ зилинаг, ныр баивтой нырыккон, æдас, архайдхъом бæстыхæйттæм.

Кабинеттæ ноггонд æрцыдысты, инжереон хызтæ баивтой, кусæн бынæттæ сты фадæттимæ. Доны хæрзхъæддзинад æрвылбон кæм иртасынц, уыцы лабораторийы сæвæрдтой ног ифтонггæрзтæ. Паддзахадон куыстуаты раза-монæг Кцойты Тамерлан куыд зæгъы, афтæмæй республикон «Водоканал»-мæ ис раззагдæр суæвыны фæнд.

«Куыстуаты кондадон базæ ныртæккæ ис «Водоканал»-ы бæрны. Æрæджы йæ бахъавыдысты уæлæнгай аргъæй ауæй кæнынмæ, фæлæ Цæгат Ирыстон цæрæн-уатон-коммуналон хæ-дзарады рæзты федералон фæлварæн проекты кæй архайдта, уый руаджы йæ республикæйы исбонмæ райстой. Ныртæккæ нæ къухы бафтыд куыстуаты рæзтыл бакусын. Фæндыд нæ æрмæст исбон ба-
хъахъхъæнын нæ, фæлæ куысты аккаг уавæртæ саразын»,-радзырдта «Водоканал»-ы разамонæг.

Æмæ уыдон æддаг бакасты ивддзинæдтæ не сты, кондад æмхуызонæй баивтой. Зæронд гаражы комплекс фехæлдтой, йæ бынаты сараздзысты ног технологон бокс, куыст-уаты техникæмæ дзы базилæн, ныхсæн уыдзæн. Куыстуаты техникæйæн фæзынд хъарм ангартæ, асфальтæй сæхгæдтой кæрт, цалцæггæнæн дзыхъхъытæ сфæлгонц кодтой.

Цы автопарк сæм фæзынд, уымæн æхгæд æрлæууæн бынат сарæзтой. Кæдæй-уæдæй «Водоканал» сæрмагонд техникæ райста. Слесæрты цехæн йе ‘ддаг цъар баивтой, зæронд рудзгуыты бæсты ногтæ сæвæрдтой. Административон корпус сцалцæг кодтой. Алыхуызон авариты фæстиуджытæ иуварсгæнæг, радгай службæгæнæг бригадтæн сарæзтой фадатджын кусæн бынæттæ.

Куыстуаты фæзуат фæивта, фæзынд дзы фæлладуадзæн бынæттæ, аллей, ног бандæттæ, бырæттæн – къоппытæ. Кусджытæн дзы хъуамæ уа хæрæндон, цалцæг ын кæнынц йæ бæстыхай. Сæ зæрды ма ис дзаумæттæхсæн саразын. Афтæ зæ-
гъæн ис æмæ «Водоканал» йæ коллективы куысты уавæртæ ивы. Инвестицитæ æвæры, хæрзхъæд донæн дзуапп чи дæтты, йæ уыцы кусджыты.

 

«Водоканал»-ы  пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here