Бедойты Игорь æмæ Гаджиты Вадимы номыл…

0
85

Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады ветерантæ, хайады кусджытæ, æхсæнады минæвæрттæ систы, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны æрымысыны  хъуыддаджы архайджытæ. Сæ номыл сæ уарзон 3-æм скъолайы байгом кодтой мемориалон фæйнæджытæ. Æмæ ныр рæнхъгæй чи ралæууыд, уыцы сабитæм афтæ каст, æмæ лæгдзинад равдисæг лæппуты не ‘вдæлд худынмæ, хъазынмæ, фыдуæгтæ кæнынмæ. Фæлæ уыдон дæр уыцы-иу фæндагыл рацыдысты, сæ размæ рæсугъд фæндтæ æвæрдтой… Æрмæст лæгæвзарæн заман куы райдыдта, уæд райстой хæцæнгарз…

Кадджын уазджыты ‘хсæн уыдысты Æнахъомты хъуыддæгты хистæр
инспектор Сæбанты Алинæ, пъæлицæйы кæстæр лейтенант Икъоты Георги, районы Ветеранты советы сæрдар Бицъоты Олег, Æхсæнадон советы уæнг, журналист Татьянæ Байбородова, скъоладзаутæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæ, хиуæттæ, зонгæтæ, æмбæлттæ дæр уы-
дысты хуынд адæмы ‘хсæн.

Мемориалон фæйнæджытæ систы адæймаджы удуæлдай хъæбатырдзи-
над æвдисæг, царды сæраппонд хиуыл чи нæ бацауæрста, уыцы æрыгæтты лæгдзинады нысан. Бедойты Игорь æмæ Гаджиты Вадим уыдысты Алагиры 3-æм скъолайы рауагъдонтæ, фæмард сты Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы
хæстæ æххæстгæнгæйæ.

Ацы кадджын фембæлд амонгæйæ, раздæр райхъуыстысты æрыгон хъæбатырты биографитæ, ныр сæ нæмттæ æнустæм баззайдзысты адæмы зæрдæты, мемориалон фæйнæджытыл. Сæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыдысты Лæгдзинады ордентæй. Сæ цыбыр, фæлæ мидисджын цардвæндаджы алы къæхдзæф дæр хъуыстис сæрыстырæй. Адæм æдзæмæй лæууыдысты æмæ хъуыстой, сæ уадултыл цы цæстысыгтæ згъæлд, уыдон-иу æфсæрмхуызæй асæрфтой…

Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонæй Бедойты Игорь уыд 58-æфсады Дзæуджыхъæуккаг мотоæхсæг полчъы рæнхъыты. Архайдта Херсон æмæ Запорожьейы облæсттæ ссæрибар кæныныл, горæт Васильевкæйыл тохы. 2023 азы Игоры батальон йæхимæ райста знаджы æрбабырст, нæ хъæбатыр лæппуты руаджы сæ æддæдæр аппæрстой, сæ ахстбынатæй нæ сызмæлыдысты. Æртæ азы дæргъы сержант Бедойы-фырт Фыдыбæстæйы хæдбардзинад уæндонæй хъахъхъæдта.

Цы лæгдзинад æмæ æвзыгъддзинад æвдыста, уый тыххæй йæ снысан кодтой хайады разамонæгæй, 2025 азы ссис взводы командир. Бацæттæ кодтой прапорщикы цин ын раттыны бардзырд, фæлæ Бедойты Игорь уый нал базыдта… Уыцы хъысмæтлыггæнæн æхсæв Бедойы-фырт постытæй иумæ рацыд, йæ дæлбаруæвæг адæмæн радиостанцæйы аккумулятортæ раттыны, уавæр равзарыны тыххæй. Фæстæмæ цæугæйæ йæ машинæйыл сæмбæлд знаджы дрон. Игорь уым фæмард.

Хæстоны цард аскъуыд 2025 азы 6 августы Запорожьейы фронты Васильевкæйы арæны. Цыдис ыл 39 азы… Бедойты Игорь хорзæхджын æрцыд Суворовы, Жуковы, «Хæстон намысы тыххæй», «Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг»-ы майдантæй. Йæ хæстон хæс æххæст кæнгæйæ кæй фæмард, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Лæгдзинады орденæй…

Взводы командир Гаджиты Вадим, йæ фæсномыг «Вадо» йæхи равдыста бæрнон æмæ хиуыл æнауæрдон тохгæнæгæй. Йе ‘мбæлттæ йыл æууæндыдысты, уыд взоды разамонæг. Йæ хæстон æмтохгæнджытæ дзы сæрыстыр уыдысты, хуыдтой йæ сæ «фыд», æмбæрстой йын йæ хæрзаудæн архайд, хъуыддагыл æнувыддзинад. Кæддæриддæр йе ‘мбæлтты сæраппон цыд тохы быдыры, кæд æмæ-иу цардæн тæссаг уавæрты уыдысты, уæддæр Вадим цæфты тохы быдыры никуы ныууагъта. Йæхæдæг-иу сæ рахаста.

Запорожьейы облæстмæ Гаджиты Вадим ацыд сæрмагонд хæстон хæс æххæст кæнынмæ 28 апрелы. Фæлæ, йæ взвод бахауд знæгты дронты æхстыты бынмæ, уыцы тох ын рауад фæстаг. Хъæбатырыл цыд 47 азы, цы æвзыгъддзинад равдыста, уый тыххæй йын йæ амæлæты фæстæ раттой Лæгдзинады орден. Æппæт уыдæттæ адæмы зæрдæты бауагътой рыст æмæ æнкъарддзинад.

Мемориалон фæйнæджытæ байгом кодтой Бедойты Игорь æмæ Гаджи-
ты Вадимы хиуæттæ. Хъуыстысты арфæйы ныхæстæ сæ ныййарæг мадæлтæн, фыдæлтæн, сæ цоты Фыдыбæстæмæ уарзондзинады кæй схъомыл кодтой, æцæг патриоттæ сæ кæй рауайын кодтой, уый тыххæй. Бынтон лæмбынæг æппæт хабæрттæм хъуыстой скъоладзаутæ, уыдыстæ æнкъард æмæ хъуыдыджын. Мемориалон фæйнæджытæ байгом кæныны фæстæ сæм бацыдысты хиуæттæ, сæ мисинæгтæ сабыргай хъуыстысты, алчидæр сæ æрхъуыды кодта амондджындæр, цинæйдзаг цаутæ.

Ахæм рæстæг бынтон ирдæй разыны фæлтæрты бастдзинад, кæстæртæ æппæт уыдæттæ кæй нæ ферох кæндзысты, уый. Ацы хъуыддаг рауад, æмхуызонæй йыл кæй бакуыстой, кæй бацархайдтой, уый фæрцы. 3-æм скъолайы минæвæрттæ Тедеты Элинæ æмæ Гусалты Альбинæйы бавæрæн бæрæг уыд. Ацы мемориалон фæйнæджытæм  рæзгæ фæлтæртæ цæудзысты æппынæдзух…

 

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here