Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы социалон-экономикон уавæр 2025 азы январь-ноябры

0
103

2025 азы январь-ноябры кусæндæтты зилдухы бæрц (хи уагъд æвгæд товарты, стæй хи хъарутæй æххæстгонд куыстытæ æмæ лæггæдты аргъ, æндæр ран æлхæд товартæ уæй кæнынæй ист æфтиаг) рауад 237828,6 милуан сомы, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, архайæг æргътæй нымайгæйæ, 106,8%.

2025 азы январь-ноябры, 2024 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, промышленнон куыстады индекст рауад 79,8%.

Чъырдуры рауагъд кæй фæфылдæр, уый фæрцы пайдайаг къахинæгты амалкæнынады куыстады индекст рауад 104,8%.

Дзидзайæ конд хойраг 7,2%, æхсыр 6,2%, нæлхæ, сæрдæн пастæтæ æмæ царв 58,3%, цыхтытæ 5,7%, къæдор 37,0%, туаг æхсырæй конд хойраг 25,6%, спъирт 27,7%, суæрттæ 9,3% уæнгроггæнæн нозт 17,6%, сæрмагонд уæлæдарæс 27,8%, полимерон пленкæтæ 6,3%, æвджын бæрцуæттæ 27,4%, æндæр æрдæгуадзæн ифтонггæрзтæ та 10,3% къаддæр кæй рауагъдæуыд, уый фæрцы хомагкусæг куыс-
тады индекс рауад 80,6%.

Къалбас рауагъдæуыд 13,7%, сæлдæджытæ – 5,6%, дзул æмæ гуылтæ – 5,4%, адджинæгтæ – 18,1%, водкæ – 49,8%, сырсыраг æмæ шампайнаг сæнтæ – 9,6%, бæгæны – 15,9%, керамикон агуыридур – 2,0%, блоктæ æмæ æндæр æмбырдгæнæн арæзтадон дзаумæттæ – 74,9%, асфальт та – 32,4% фылдæр.

Электрон тыхæй, газ æмæ доны тæфæй æфсисадæй; уæлдæф сыгъдæг кæнынæй куыстады  индекс рауад 109,5%.

Донæй æфсисадæй; дон иуварс уадзынæй, æппарæццæгтæ æмбырд кæнын æмæ сæ æфснайынæй, чъизидзинæдтæ иуварс кæныны фæдыл архайдæй куыстады индекс рауад 54,2%.

2025 азы январь-ноябры архайды хуыз «Арæзтад»-мæ гæсгæ æххæстгонд куыстыты бæрц рауад 25914,7 милуан сомы, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 79,8% (2024 азы январь-ноябры – 116,5%).

2025 азы январь-ноябры сарæзтæуыд 437,2 мин квадратон метры цæрæн-
уæттæ, ома, 2024 азы январь-ноябримæ абаргæйæ, 9,8% къаддæр. Хицæн адæймæгтæ кæй сарæзтой, уыцы хæдзæртты хай æппæт цæрæнуæтты бæрцæй рауад 52,1% (иумæйаг фæзуатæй 227,8 мин квадратон метры, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 0,8% къаддæр).

Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2025 азы январь-ноябры æп-
пæт хъæууонхæдзарадон куыстуæтты куыстады  бæрц рауад 30806,8 мил-уан сомы, ома, 2024 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 91,6%.

Ранымадмæ гæсгæ, 2025 азы ноябры кæрон æппæт хуызты хæдзарæдты уыд стурвосы 92,2 мин сæры (ома, æндæразимæ абаргæйæ, 9,8% къаддæр), адонæй хъуццытæ уыдысты 38,8 мин сæры (9,6% къаддæр), хуытæ – 5,3 мин сæры (56,9% къаддæр), фыстæ æмæ сæгътæ – 76,2 мин сæры (34,4% къаддæр), мæргътæ та – 1081,2 мин сæры (10,8% къаддæр).

2025 азы ноябры кæрон, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, хъæу-
уонхæдзарадон куыстуæтты стурвосы нымæц 22,6% (уыимæ хъуццыты нымæц 23,2%), фыстæ æмæ сæгъты нымæц 54,3%, мæргъты нымæц та 32,7% фæкъаддæр.

2025 азы январь-ноябры æппæт хуызты хæдзарæдтæ, ранымадмæ гæсгæ, æргæвдынæн рауагътой 51,4 мин тоннæйы фос æмæ мæргътæ (удæгас уæзæй нымайгæйæ), 229,4 мин тоннæйы æхсыр æмæ 72,1 милуан айчы.

2025 азы ноябры кæрон, 2024 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ, фос æмæ мæргътæ æргæвдынæн удæгас уæзæй нымайгæйæ) рауагътой 18,6%, æхсыр та – 4,4% къаддæр, айчытæ рауагъдæуыд 61,5% фылдæр.

2025 азы январь-ноябры хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ (æппæт
куыстуæттæ фос æмæ мæргътæ æргæвдынæн (удæгас уæзæй) нымайгæйæ) иу хъугæй æрдыгътой 4974 килограммы æхсыр (2024 азы январь-ноябры – 4785 килограммы).

2025 азы январь-ноябры, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ фос æмæ мæргътæ (удæгас уæзæй нымайгæйæ), стæй æхсыр æмæ æхсырæй конд хойраг рауагътой къаддæр, хор æмæ æйчытæ та – фылдæр.

2025 азы январь-ноябры архайды æппæт хуызты куыстуæтты автомобилон транспорты уæзты зилдухы бæрц рауад 9561,6 мин тоннæ-километры, ома, æндæразы уыцы
рæстæгимæ абаргæйæ, 3,2% фылдæр. Уыцы рæстæгмæ бæлццæтты зилдухы бæрц рауад 82,0%.

2025 азы январь-ноябры розницæйы базарады зилдухы бæрц рауад 191940,0 милуан сомы, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 103,8%. Æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, базарадон кусæндæтты æмæ базарты æдде архайæг  индивидуалон амалиуæггæнджыты зилдухы бæрц рауад 104,1%, розницæйы базартæ æмæ армукъаты товартæ ауæйчындæуыд 2,8% фылдæр.

2025 азы январь-ноябры æхсæнадон хæлцы зилдухы бæрц рауад 8511,1 милуан сомы, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 109,9%.

2025 азы январь-ноябры, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, оптон базарады зилдухы бæрц рауад 80,2%.

2025 азы январь-ноябры адæмæн æхцайыл лæггæдты бæрц рауад 41844,0 милуан сомы, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 6,0% фылдæр.

2025 азы ноябры кæрон, 2024 азы декабримæ абаргæйæ, товартæ æмæ лæггæдты фæлхасадон æргътыл бафтыд 5,5%, уыимæ промышленнон товарты æргътыл – 4,3%, лæггæдты æргътыл – 9,0%, хойраджы æргътыл та – 4,7%.

2025 азы январь-октябры кусæндæтты кæронбæттæн финансон бæрæггæнæн (æфтиагæй хæрдзтæ аппаргæйæ) рауад æвæрццаг, йæ бæрц уыд 683,0 милуан сомы. Æфтиагæй фылдæр кæй хæрдзтæ уыдысты, 2025 азы январь-октябры ахæм куыстуæтты бæрц, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 8,7 процентон хайы фæ-
къаддæр æмæ рауад 41,3%.

2025 азы январь-октябры хуымæтæджы рæстæмбис нымад мызды бæрц рауад 51557,9 сомы, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 13,3% фылдæр. Æцæг мызды бæрц рауад 104,4%.

Кæй æмгъуыд аивгъуыдта, экономикон архайды иртæстгонд хуызты кусæндæтты мызды ахæм хæс (чысыл амалиуæгады объекттæй фæстæмæ) ацы хæсы тыххæй бæрæггæнæнтæ бавдисæг кусæндæтты  2025 азы 1 декабры нæ уыд.

2025 азы ноябры кæрон РЦИ-Аланийы Адæмæн куыстдæттæг комитеты официалон уагæй регистрацигонд æгуыст адæмы нымæц рауад 2151 адæймаджы, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 6,1%, раздæры мæйимæ та абаргæйæ, 2,0% фылдæр. 2025 азы ноябры кæрон кусæг адæмы нымæцæй официалон уагæй регистрацигонд æгуыст адæмы бæрц уыд 0,7%, æндæразы амынд заман та – 0,6%.

 

«Цæгат Кавказстат»-ы цæгатирыстойнаг
управлени

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here