Ходы Камалы поэтикон сфæлдыстад ахсы зынгæ бынат ирон дзырд-аивады мидæг. Сыгъдæгзæрдæ æмæ уæздан адæймаг, курдиатджын поэт æмæ йæ æнувыд æхсæнадон кусæгæй зыдтой Ирыстоны дзыллæ. Йæ цард æмæ йæ куыст фæзминаг уыдысты сфæлдыстадон фæсивæдæн. Йæ архайд, йæ хъуыды, йæ бæллицтæ – æгасæйдæр баст уыдыс-ты аивад, рæстдзинад æмæ фыдыбæстæйы фидæнимæ. Йæ хуыздæр уацмыстæ æнæхъуаджы æвæрæн сты национ дзырдаивады хæзнадоны.
Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Цæгат Ирыстоны Паддзахадон гимны автор, зынгæ æхсæнадон архайæг Ходы Камал сфæлдыста, æнæцæугæ ахадындзинад кæмæн ис, ахæм уацмыстæ. Сфæлдыстадон адæймаг, поэт, критик, драматург, тæлмацгæнæг æмæ публицист ссис ХХ-æм æнусы кæрон – XXI-æм æнусы райдиан Ирыстоны литературон царды нывылгæнджытæй иу. Йæ поэтикон уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты дæсгай æвзæгтæм, уыимæ, йæхæдæг дæр ирон æвзагмæ раивта Софоклы, Расины, Шиллеры, Франкы драмæтæ, Джованни Бокаччо, Лопе де Вегæ, Шекспиры, Гейне, Пушкины, Плещеевы поэзи.
Ходы-фырт райгуырд Ирыстоны, ахуыр кодта Мæскуыйы Максим Горькийы номыл литературон институты, йæ дарддæры цард та баст уыд фыдызæххы цин æмæ хъыг, кад æмæ рад, фарн æмæ æгъдауимæ. Йæ фараст чиныгæй алкæмæндæр ис («Бонвæрнон», «Цæхх æмæ кæрдзын», «Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц», «Кар», «Урс цæхæртæ», «Ном», «Æрттигъ», «Хи радæй», «Мыртæ», «Балсæджы цалх») йæхи цæсгом, йæхи мотивтæ, йæхи темæты тымбылæг, йæхи поэтикон жанрты алдымбыд. Уыцы æмбырдгæндтæй алкæй бындурæн дæр ис йæхи сæйраг ныхасыздæхт æмæ
комулæфт.
Камалы поэзи бирæфæлтæрон у, фæлæ йæ кæсын æмæ æмбарынхъом сты иууылдæр, уымæн æмæ уый чиныгкæсджытæй йæхи иуварс нæ ласта, йæ хъузджы нæ бацыд. Поэты лирикон хъæлæс мидсагъæс нæу, фæлæ дзыллон æхсæнадимæ æргом ныхас. Йе ’гас сфæлдыстадæй дæр мах ахуыр кодта хи рæдыдтытæй хизыныл; рæдигæ йæхæдæг кодта, æцæг, сæ сæрты хизын базыдта. Уымæн дæр уыдис хорз ахуыргæнджытæ: литературон институты цымыдисимæ архайдта Владимир Федоров æмæ Вероникæ Тушновайы сфæлдыстадон семинарты. Лæмбынæг хъуыста суинаг ирон поэт уæлдæр скъолайы зындгонд уазджытæ – Илья Эренбург æмæ Александр Твардовскимæ. Уыдон зæрдиагæй аудыдтой сфæлдыстадон фæсивæдыл, тырныдтой сын æххуыс кæнынмæ хъуыддагæй дæр æмæ ныхасæй дæр. Хистæр кары ирон фысджытæй та йæ дунеæмбарынадыл арфдæр æнкъарæнтæ ныууагътой нæ адæмон поэттæ Плиты Грис æмæ Цæрукъаты Алыксандр. Æмæ сыл цæуыл сахуыр ис, уымæ бафтыдта хи фæлтæрæнтæ.
Ходы Камалы лирикæйы иннæ «рухсгонд» сурæт та у – поэтикон бæрцбарынад. Хъуыды æмæ зонынады бæркад домы хуыз æмæ мидисы хъæздыгад, ома, сæрмагонд дæсныйад. Бæрзонд сфæлдыстадон курдиат уымæн фадат дæтты йæ хъайтарты зæрдæйы хъыг æмæ цин уырнинагæй æвдисынæн. Дзырды фидыц æмæ рæстдзинад,
æмдзæвгæйы алы хæйтты ранывæст, арф æнкъарæнтимæ æндавынц чиныгкæсджыты æмбарынад æмæ мидуавæрыл. Фæлæ æрмæст иунæг æддаг фидыцæн йæ бон нæу зæрдæйы тæгтæн сæ арфмæ æххæссын. Дзырдаивады æцæг æмвæзад поэты хъуыдæгыл мигъ нæ абадын кæны, фæлæ йын раргом кæны йæ рухсæнкъарæг айдæн. Ардыгæй æрдзон хуызы сæвзæры уацмыс аивадон æмвæзад барæн æнтыстджын фæрæз.
Ходы Камалы нуарджын поэзийы æртыккаг миниуæгыл банымайæн ис йæ бæрзонд идейондзинад. Кæрæ-дзиуыл баст хъуыды æмæ аивадон-дзинады æмбарынæдтæ æргомгæнгæйæ, мах иугъæдонæй февзæрæм хуыз æмæ мидисы къæсæрыл. Уыцы æрдзон «къаимæ» абаргæйæ, поэты дæсныйады иннæ фæрстытæн стыр ахадындзинад нæй. Формæ æмæ мидисы иудзинад эстетикæйы сæйраг уагæвæрд хуымæтæджы нæу. Сæ æмиуад ис, фыццаг – иннæйы кæй æххæст кæны, дыккаг та ныхмæ хуызы мидисыл кæй æндавы, уым. Ардыгæй ратæдзы уацмысæн йæ аивадон ранывæстимæ иумæ æнгом бастæй аргъ кæныны зондахаст. Дзырдаивадон уацмыс-ты идейон мидис æвзарыныл къух сисын нысан кæны, критик формализммæ кæй рахизы, уый. Нывгæнæг æмæ æхсæнад, нывгæнæг æмæ сæрибары темæтæ зæххонты зондахаст сагъæстыл æфтауынц Афинаг демократийы заманæй нырмæ. Ходы Камалы поэтикон аивадæн æхсæнадон ныхмæвæрдты цырен кæныны рæстæджы уыдис æнтыстытæ дæр æмæ къуыхцытæ дæр. Йе сфæлдыс-тадон мадзалы рæзтæн ахæм ахаст кæй ис, уый дæр уырнинагæй ууыл дзурæг у
Камалы поэзийы цыппæрæм хицæндзинад ис æцæгдзинады сфæлдыстадон хуызы иртасынады. Аивадон æрмæг та йын ссис царды уынгæ цау нæ, фæлæ, бирæ кæуыл фæсагъæс кодта, уыцы æнкъарæн. Ам, кæй зæгъын æй хъæуы, айдагъ хъуыдыйы фаг нæу, хъæуы ма дзы зæрдæйы куыст фæлгонцы алыварс. Æмдзæвгæтæ райгуырынц арф хъизæмæртты бындурыл. Æмæ цас арфдæр уой, уыцы æнкъарæнтæ, уыйбæрц тынгдæр бахъардзысты чиныг кæсæгмæ. Æнкъарæнтæ тæлмæнты фæрцы баныхасынц кæрæ-дзиуыл. Уыдон дæр поэты зæрдæйы куы цæрой, уæд ис цардхъомыс æрмæг кæронбæттæн сагъæстæ æмæ хатдзæгтæн. Алцыдæр æвæрд ис нæ хъуыдæджы рæбинагдæр къуымты æмæ цардмæ рахизы уацмысы хъуыдыйы фæрцы, амайгæ та йæ скæны адæймаджы фантази. Ходы Камалы сфæлдыстадон фæлтæрд-дзинад куыд æвдисы, уымæ гæсгæ цардхъомыс æрмæджы вазыгджын суадон у поэтæн йæхи цардæрфыст. Мæскуыйаг, хæххон æмæ денджызон æнкъарæнтæ зынгæ фæхъæз-
дыгдæр кодтой стихамайæджы æмæ хорз бындур сæвæрдтой бирæ оригиналон уацмыстæ æмæ аивадон тæлмацтæн италиаг поэзийæ. Æндзыг азты заман Камал рæстдзинадыл куы нæ тох кодтаид, уæд йæ бирæ программон æмдзæвгæтæ фыст не ’рцыдаиккой.
Ходы Камалы поэтикон сфæлдыстады фæндзæм фарс та у нырыккондзинад. Уымæн йе ’мбарынад фæлхатгонд цæуы тынг уæрæх. Фæлæ йын йæ мидис поэт æрмæст иунæг рæстæгимæ нæ баста – æмбындур æй кодта, æрдзимæ йын цы ахастдзинад ис, уыимæ дæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй поэзийы эмоцион райдайæн йæхи ивазы ивгъуыдмæ, зондахастон та – фидæнмæ. Уымæ гæсгæ Ирыстоны адæмон поэт иу цалдæр дæсазоны дæргъы æнтыстджынæй пайда кодта дыууæ аивадон фæрæзæй дæр, уымæн æмæ хорз æмбæрста: дунейы уынынад авторы æрмдзæф æфсады æрмæстдæр нырыккондзинадимæ бастæй.
Ходы-фырты сфæлдыстадон царды фæндаг цыди донæн йæ æрфыты æмæ бæрзонд хаста поэт æмæ адæймаджы ном. Камал уыд æнусон фæллойгæнæг цард æмæ бæрзонд ныхасы сæраппонд. Фæндаг та йын уырдæм рæстæджы къæйдуртыл скарстой æрдзон курдиат, сфæлдыстадон монцад æмæ æнкъарæнты фæлдзусад.
ХОЗИТЫ Барис,
Цæгат Ирыстоны Фысджыты
цæдисы правленийы сæрдар














