Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло республикæйы барадхъахъхъæнæг, тыхы æмæ цæстдарæг ведомствæты разамонджыты, стæй районты минæвæртты архайдимæ сарæзта Оперативон штабы æмбырд.
Фароны куысты бæрæггæнæнтæ бахынцгæйæ æмæ ацы азы нысантæ сбæлвырд кæнгæйæ, æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны территорийыл æдасдзинадæн фадæттæ саразыны фарстатыл. Фембæлды архайджыты ныхасмæ гæсгæ, æппæт размæвæрд хъуыддæгтæ саразынæн нæ регионы ис фаг хъарутæ æмæ фæрæзтæ.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: ахсджиаг инфраструктурæйы объектты, стæй, адæм бирæгæйттæй кæм вæййынц, ахæм бынæтты æдасдзинадæн ахъаз кæнынæн уæлæмхасæн мадзæлттæ арæзт кæмæ гæсгæ æрцыдысты, Уæрæсейы Президенты Указæй Цæгат Ирыстоны дарддæр архайы цæттæдзинады ахæм бындурон фæтк.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады пресс-службæ














