Арфæтæ
Ирыстоны зынаргъ лæппутæ æмæ чызджытæ!
25 январы нæ бæстæ бæрæг кæны Уæрæсейаг студентты бон æмæ ацы бæрæгбоны фæдыл уын зæрдиаг арфæ кæнын!
Студентон азтæ нымад сты рухс бæллицты, фидар ныфс æмæ егъау пъланты рæстæгыл. Амынд рæстæг сымах зонындзинæдтæ райсут, канд уый нæ, фæлæ ма парахатæй хъуыды кæныныл, уæ размæ бæлвырд нысантæ æвæрын æмæ химæ бæрнондзинад исыныл ахуыр кæнут.
Ахуырадон аудиторитæ æмæ наукон лабораториты уæвгæйæ, абон сымахæн дæсныйады бæрзæндтæм уæ фæндаг райдайы, уæхи, стæй нæ республикæйы æмæ не ’ппæт бæстæйы фидæнæн бындур æвæрут.
Сымахимæ – студенттимæ – ныхас кæнгæйæ, æз алы хатт дæр ногдзинадхæссæг уæ хъуыдытæй æмæ цардмæ нырыккон цæстæнгасæй райгонд вæййын. Нæ республикæйы æхсæнадон æмæ политикон царды зæрдиагæй архайгæйæ, наукæйы, культурæ æмæ спорты къабæзты æнтыстдзинæдтæ æвдисут. Нæ Ирыстоны дарддæры рæзты гæнæнтæ бæлвырд кæнын æмæ раздæры фæлтæрты намысджын æнтыстдзинæдтæ фылдæр кæныны хæс æвæрд сымахыл кæй ис, уый нымайгæйæ, мæ зæрдæ уын зæгъы дарддæр дæр ныры хуызæн ныфсхаст, æнæхин æмæ бæрнон адæймæгтæ уæвын!
Зынаргъ хæлæрттæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Студентон азтæн аргъ кæнут, уæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад фылдæр кæнут, фидæны фадæттæй куыд спайда кæнат, афтæ! Уæ равзæрст дæсныйады бæрзæндтæм тырнут! Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, æхцон æнкъарæнтæ, стæй ахуырад æмæ сфæлдыстады къабæзты æнтыстдзинæдтæ!
ТУСКЪАТЫ Таймураз,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар














