Ирон фарны цырагъдарты кадæн

0
110

Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театр æмæ РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисæн фарон уыдысты сæ кадджын юбилейтæ. Уый фæдыл журнал «Мах дуг» 2025 азы 11 æмæ 12 номырты мидисджын æмæ бирæвæрсыгæй равдыста ацы дыууæ сфæлдыстадон артдзæстæн сæ истори æмæ ивгъуыд æмæ абоны рæзты фæндæгтæ.

Рагæй-æрæгмæ дæр Фысджыты цæдис æмæ Ирон академон театрæн уыд фидар, ахадгæ сфæлдыстадон бастдзинæдтæ. Уыдон цæмæй ма æрлæмæгъ уой, фæлæ сын уа фидæн, уый тыххæй Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музей, Фысджыты цæдис, журнал «Мах дуг-ы редакцийы кусджытæ бауынаффæ кодтой, цæмæй тематикон номыртæн арæзт æрцæуа сæрмагондæй презентаци.

Йæ райдайæны йæ амонæг, ацы рæнхъыты автор, лæмбынæг афæлгæсыд журнал «Мах дуг»-ы тематикон номырты арæзт æмæ мидисыл. Уый фæстæ презентаци саразджытæ, архайджытæ æмæ уазджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодта РЦИ-Аланийы Мыхуыры республикон комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Эльдар Афашоков.

– Журнал «Мах дуг»-æн ис хъæздыг æмæ мидисджын истори. Ахæм хуызы йæ алы рæстæджыты арæзтой национ культурæ æмæ литературæйы зынгæдæр архайджытæ. Абон дæр журнал «Мах дуг» иу номырæй иннæмæ, мæйæ-мæймæ, азæй-азмæ кæны мидисджындæр æмæ бакастæй аивдæр. Йæ редакцийы кусджытæ абон, сæ сæргъы ирон аив дзырд æмæ национ мыхуыры рæзты зæрдиаг архайæг, сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ, аразы æппæт хъæугæ хъуыддæгтæ, цæмæй журналæн йæ сфæлдыстадон авналæнтæ æмæ гæнæнтæ фылдæр кæной. Уый афтæ кæй у, уымæн æвдисæн – абоны презентаци дæр. Йæ саразджытæн, архайджытæн, уазджытæн, журнал «Мах дуг»-ы кæсджыты алы фæлтæрæн дæр зæгъын стыр бузныг, – загъта Эльдар Афашоков.

РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар, литературæиртасæг
Хозиты Барис лæмбынæг афæлгæсыд журнал «Мах дуг»-ы редакцийы бирæвæрсыг сфæлдыстадон архайдыл, презентаци цы тематикон номыртæн уыд, уыдоны мидисыл, стæй Фысджыты цæдис æмæ Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры хъуыддагон-сфæлдыстадон баст-
дзинæдты ивгъуыд æмæ абоныл. Загъта цæстуарзонæй йæ фиппаинæгтæ дæр.

Журнал «Мах дуг»-æн ис бирæ хæлæрттæ Цæгат Кавказы республикæты сфæлдыстадон æмæ политикон-паддзахадон архайджыты ‘хсæн. Уыдонæй сæрмагондæй Дзæуджыхъæумæ æрцыдысты æмæ презентацийы архайджытæ æмæ саразджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой Цæцæны Республикæйы Парламенты сæрдары хæдивæг Аднан Нагоев, ацы республикæйы адæмон фыссæг Асланбек Тугузов, поэт Аслан Бтимиров.

Ирон театр æмæ Фысджыты цæдисы иумæйаг сфæлдыстадон архайды тыххæй ма сæ хъуыдытæ æмæ арфæйаг фæндиæгтæ презентацийы загътой поэт, радио «Алани»-йы редактор, нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг Къадзаты Станислав, Национ наукон библиотекæйы хайады методист Хъараты Ритæ, æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы уæнг, педагогон куысты ветеран, Колыты Аксойы номыл премийы лауреат Таутиаты Минтæ, РЦИ-Аланийы Национ музейы директор, историон наукæты кандидат Цуциты Аслан, журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ, Уæрæсейы Федерацийы Театралон архайджыты цæдисы республикон хайады сæрдары хæдивæг, РЦИ-Аланийы сгуыхт артисткæ Пагæты Фатимæ, Советон Цæдисы адæмон артист Тæбæхсæуты Балойы чызджы чызг Тъуриты Фатимæ.

Ирон академион театры артисттæ Сугъаты Хъазыбег, Уаниаты Валери бакастыты зындгонд ирон поэттæ, драматургтæ æмæ актертæ Плиты Грис, Хостыхъоты Зинæ, Джыккайты Шамил, Хаджеты Таймураз æмæ Бытъæты Роберты æмдзæвгæтæ æмæ драмон уацмыстæй скъуыддзæгтæ.

Журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ презентацийы рæстæг Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейæн балæвар кодта зындгонд ирон драматург, фыссæг, режиссер, Дыгурон драмон театры бындур-
æвæрæг, УФ-йы аивæдты сгуыхт архайæг æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артист, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Темыраты Дауыты цард æмæ сфæлдыстадыл дзурæг къамтæ, къухфыстытæ, хъуыддаджы гæххæттытæ æмæ боныгтæ.

Презентацийы сæ аивад равдыстой Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы музыканттæ æмæ Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы вокалон хайады студенттæ Георгий Степанов, Бедойты Алан æмæ Кокойты Марат. Уыдон ацагътой æмæ азарыдысты, Ирон академион театры алы азты æвæрд чи æрцыд, уыцы спектакльтæй мелодитæ æмæ зарджытæ.

ГАСАНТЫ Валери,
къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here