Хæстоны фæндæгтæ…

0
45

Советон Цæдисы Хъæбатыр Къозонты Сардионы райгуырдыл сæххæст 115 азы

1991 азы змæст цауты аххосæй Гуырдзыстонæй Цæгат Ирыстонмæ цы бирæ лигъдонтæ æрцыд, уыдонæй иу уыдис зындгонд Советон Цæдисы Хъæбатыр
Къозонты Сардион. Бæстæйы фыдгæнæг хицауады аххосæй 80-аздзыд зæронд лæг лидзæг фæци йæ райгуырæн къуым Карелы районы Суканаатубаны хъæу ныууадзгæйæ…

Зæхкусæджы фырт Къозонты Сардион райгуырд 1911 азы январы. 1941 азы июлы йæм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. 1941 азы июлæй фæстæмæ архайдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Уыцы аз  ноябры-декабры хъахъхъæдта Мæскуы. Горæт Мценскы районы сержант Къозоны-фырты батарей иннæ размæбырсæг æфсæдтимæ иумæ хъæддых лæууыд знаджы ныббырстыты ныхмæ, комкоммæ æхсгæйæ, сæ фæздæг скалдта дыууæ «Фердинанд»-æн, скуынæг кодта 50 фашистон салдат æмæ афицерæй фылдæр, фæстæмæ аппæрста знаджы ныббырст.

Йæхи æцæг хъæбатырæй кæй равдыста, уый тыххæй Къозонты Сардионыл сæмбæлд Уæлдæр Сæйраг командæгæнæг И.В.Сталины арфæ.

1943 азы сæрды Къозоны-фырты æхсæг батарей архайдта Курскы къæлæты историон тохы.

Севскы 60-æм æхсæг дивизи æппæты разæй бахæццæ цæугæдон Днепрмæ. Æмбисæхсæв æфсæдтæ райдыдтой цæугæдоны иннæ фарсмæ хизын. Сержант Къозоны-фырт йæ хæстонтимæ доны иннæ былгæронмæ куы баирвæзт æд хотыхтæ æмæ хæцæн æрмæгимæ, уæд бацахста тактикон æгъдауæй ахадгæ бæрзæнд, фадат радта полчъы иннæ дæлхайæдтæн сæхи æрфидæрттæ æмæ хъæу Бывалки ссæрибар кæнынæн.

1943 азы 30 октябры ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиум йæ Указæй Советон Цæдисы Хъæбатыры «Сыгъзæрин Стъалы»-йæ кæй схорзæхджын кодта, уыцы хæстонты номхыгъды уыдис сержант Къозонты Давиды фырт Сардион дæр.

Дыууæ мæйæ фылдæр фæхæцыд Сардион Белоруссийы зæххыл немыцаг-фашистон тыхгæнджыты ныхмæ, сæрибар кодта горæттæ Париж, Ковель, Седелец, бахызт цæугæдон Ныгуылæн Бугы рахиз былгæронмæ. Дарддæр йæ хæстон фæндаг уыд Чехословакийыл…

1945 азы майы фашистты «ахстон» – Берлины сæрмæ сфæйлыдта Уæлахизы Сырх тырыса.

Фæлæ Къозонты Сардионæн бирæтау хæст ууыл нæ фæци. Чехословакийæ дæсгай уæлахиздзау æфсæддон хæйттæ æмæ дæлхайæдтæ æрвыст æрцыдысты Дард Хурыскæсæнмæ æмæ бацыдысты Фæсбайкалаг фронты скондмæ. Сардионы батарей япойнаг милитаристтимæ хæцыд инæлар-лейтенант Плиты Иссæйы намысджын бæхджын-механизацигонд къорды æфсæддон хæйтты сконды.

1946 азы хистæр сержант Къозоны-фырт сыздæхт йæ Райгуырæн бæстæмæ. 1968 азмæ куыста колхозы, стæй хъæусоветы сæрдарæй, цалдæр хатты æвзæрст æрцыд райсоветы депутатæй.

Ленины орден æмæ «Сыгъзæрин Стъалы»-йæ уæлдай, хъæбатыр хæстоны схорзæхджын кодтой Фыдыбæстæйы хæсты 1-аг къæпхæны орденæй, бирæ майдантæй.

1994 азы Советон Цæдисы Хъæбатыр Къозонты Сардион ахицæн йæ цардæй, æфсæддон кадимæ йæ бавæрдтой Дзæуджыхъæуы Намысы аллейы.

АЛАНТЫ А.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here