Республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО амыдта РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Архайдтой дзы министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районты хиуынаффæйады администрациты сæрдартæ. Ныхас кодтой республикæйы экономикон æмæ социалон рæзты ахсджиаг фарстатыл.
Æмбырды райдайæны регионы разамонæг фехъусын кодта, РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын минæварæй Уæрæсейы Президенты цур нысангонд кæй æрцыд Игорь Барсков.
Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег йæ доклады фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.
– Цæгат Ирыстоны сæрмагонд службæтæ архайынц æрвылбоны цæттæдзинады уавæры. Республикæйы хæххон районты дарддæр дæр тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Зиантæ æмæ дзы хъыгдард ничи баййæфта. Азы райдайæнæй нырмæ республикæйы æрцыд 25 зæйрацыды. Ивгъуыд къуырийы дæргъы республикæйы æрцыд 8 зынгсирвæзты. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 81 фæндагон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 11 адæймаджы. Иу адæймаг дзы фæмард. Боныхъæды аххосæгтæм гæсгæ, Арвыкомы фæндаг ныртæккæ æхгæд у транзитон уæзласæн машинæтæн. Транскамы фæндагыл ацæуыны бар ис автотранспорты æппæт хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 1714 транзитон уæзласæн машинæйы, 978 та – электрон рады. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыстоны арæныл уæлдæр амынд рæстæгмæ дыууæрдæм ахызтысты 12920 автотранспортон
иуæджы æмæ 27600 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.
Сергей Меняйло, Томайты Ирбег æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæн бахæс кодта сбæрæг кæнын, электрон рады цал транзитон уæзласæн машинæйы лæууы æмæ, республикæйы фæндæгтыл æбæрæгæй чи лæууы, уыдоны нымæц. Цас æмбæлы, уымæй фылдæр республикæмæ транзитон уæзласæн машинæтæ уагъд куыд нæ цæуой, афтæ.
Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 26 январæй 1 февралмæ регионы æрцыд 220 фыдракæнды, раргом кæнын дзы бантыст 146. Æбæрæг фыдгæнджытæ бадзырдтой базарадон центр «Викалина»-мæ, рæмудзæн æрмæг дзы ис, зæгъгæ. Мидхъуыддæгты оргæнтæ æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æвæстиатæй сарæзтой æппæт хъæугæ мадзæлттæ æмæ сбæрæг кодтой, хъусынгæнинаг мæнг кæй уыд, уый. Уый фæдыл дарддæр цæуынц слестгæнæн куыстытæ.
Республикæйы разамонæг сбæрæг кодта, Беслæны БПЛА-йæ хъыгдард цы хæдзар баййæфта, уый цалцæггæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уый, æмæ фæнысан кодта, 10 февралмæ хæдзар цæттæ куыд уа, афтæ.
– Ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ республикæйы эпидемиологион уавæр у нывыл. Ног коронавирусон инфекци разынд 10 адæймагмæ, – уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы «Роспотребнад-
зор»-ы хайад.
РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы ныхасмæ гæсгæ, нæ республикæйы æппæт ахуырадон уагдæттæ дæр кусынц æрвылбоны фæткыл. Грипп æмæ ОРВИ-йы аххосæй æхгæд æрцыдысты дыууæ рæвдауæндоны æмæ кълас иу скъолайы.
Республикæйы разамонæг Алыбегты Эллæйæн бафæдзæхста сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты, республикæйы скъолаты æфсæддон-пат-
риотон хъомылады куыст кæнынмæ, снысан кæныны хъуыддаг фæтагъддæр кæнын, ноджы ма алы скъолайы дæр стендтæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты тыххæй – «Зон не ’мзæххонты» бацæттæ кæнын. Сергей Меняйло ма бахæс кодта бацæттæ кæнын сæрмагонд æфсæддон операцийы историйы
курс, йæ хъайтартæ æмæ хъæбатырты цард æмæ сгуыхтдзинæдты тыххæй.
Æмбырды Сергей Меняйло республикæйы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, Артаг æмæ энергетикæйы министрад æмæ Транспорт æмæ Фæндаггон хæдзарады комитеты сæрдар Солыты Тариэлæн бахæс кодта федералон фæндæгты уавæрмæ лæмбынæгдæр кæсын, уæлдайдæр та бырынцъаг рæстæг.
Ноджы ма регионы разамонæг республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Митциты Астанæн бафæдзæхста, РКБ-йы гемодиализы кабинет, стæй, алы поликлиникæ æмæ рынчындоны дæр стоматологион кабинеттæ саразыны фарстатæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй бæлвырд дзуапп бацæттæ кæнын.
Аппаратон æмбырды ма Сергей Меняйло дзуапдæттæг ведомствæтæн бахæс кодта, Дзæуджыхъæуы Терчы доны сæрты цы хидтæ цæуынц, уыдон федералон бюджеты хардзæй сцалцæг кæныны программæ бацæттæ кæнын. Уый тыххæй разыйы дзуапп радта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин, æрæджы Сергей Меняйлоимæ фембæлгæйæ.
Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
ХЪОЙБАЙТы Галинæ














