Æвзаг бахъахъхъæныны фарстатæ

0
42

Ирон æвзаг æмæ литературæ бахъахъхъæныны æмæ йæ рæзты фарстатыл ныхас рауад, РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад цы æмбырд сарæзта, уым. Амыдта йæ ведомствæйы разамонæг Алыбегты Эллæ.

Фæстаг рæстæг ацы хъуыддагыл дзæвгар бацархайдтой: ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ æргом загътой сæ фæндæттæ, федералон æмвæзады сфидар кодтой ирон æвзаг ахуыр кæныны программæ. Йæ бындурыл фæзындысты, æвзаг чи зоны æмæ чи нæ зоны, уыдонæн ахуыргæнæн чингуытæ. Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй ирон æвзаджы ахадындзинад хъуамæ уа бæрзонд, ахуыргæнджытæ хъуамæ домагдæр уой.

«Уæлдай æргом здахын рæвдауæндæтты кусджытæм, уыдон скъолайы
агъоммæ хъуамæ бакæной стыр куыст. Сывæллон уырдыгæй хъуамæ рацæуа ирон æвзаг зонгæйæ», –фæбæрæг кодта ахуырады министр. Ирон æвзаджы рæзты центры разамонæг Куыдзойты Анжеллæ куыд загъта, афтæмæй хорз уаид райдайæн
кълæсты  æрыгон ахуыргæнджыты скъола байгом кæнын.

Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан Гуытъиаты Эльмирæ радзырдта, ахуырадæн специалисттæ куыд цæттæ кæнынц, уый тыххæй. Рæгъмæ рахастæуыд, педагогон колледжы рауагъдонтимæ æнгомдæр кусыны фарстатæ. Математикæ æмæ информатикæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Мария Макаренко дзырдта ирон æвзаг ахуыргæнæн портал «Рудзынг»-ы проекты тыххæй.

Нырмæ дæр проекты сæмбырд кодтой ахуыргæнæн хъæзтытæ, дзырдуæттæ. Мария Макаренкойы ныхасмæ гæсгæ, электрон нымæцон тыгъдады ирон æрмæджытæ фаг нæй. Алыбегты Эллæ сразы уыцы фиппаинагимæ æмæ рæгъмæ рахаста, порталы æндæр ахуыргæнæн æрмæджытæ дæр æвæрыны, ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæн пайдайаг фæрæзтæ порталмæ хæссыны фæндон. Уыдæтты руаджы тагъд рæстæджы мингай пайдагæнджытæ нырыккон æвзаг æмбаргæ æмвæзадыл ахуыр кæндзысты.

 

РЦИ-Аланийы Ахуырад
æмæ наукæйы
министрады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here