1 февралæй фæстæмæ Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайад социалон æххуысы цалдæр фиддоны бæрц 5,6 проценты фæфылдæр кæндзæн.
Ивгъуыд азы инфляцийы къæпхæны тыххæй «Росстат»-ы бæрæггæнæнты бындурыл бæстæйы Хицауады уынаффæйæ фиддонтыл бафтыды бæрц сбæлвырд кодтой.
Раздæр куыд уыд, афтæ ныр дæр Социалон фонды регионалон хайад æппæт бафтыдтæ æнæ курдиатæй кæй баххæст кæндзæн, уый нымайгæйæ, фиддонтæ фылдæргонд бæрцæй райсынæн цæгатирыстойнæгтыл искæдæм курдиат æрвитыны хæс æвæрд нæй.
Февралы баххæстгæнинаг индексаци æппæтæй раздæр аххæсдзæн æнæкуыстхъомтыл, хæстон цауты ветерантыл, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ æмæ федералон льготæтæй пайдагæнæг æндæр адæймæгтыл: Цæгат Ирыстоны цæры амынд къордмæ хауæг сæдæ мин адæймагæй фылдæр. Иннæ пособиты хуызæн февралы 5,6 проценты кæй бæрцыл бафтдзæн, ацы адæймæгтæ пенсимæ уæлæмхасæн райсдзысты æхцайы ахæм æрвылмæйон фиддон.
Февралы социалон лæггæдты æхцайæ компенсацийы бæрцыл дæр бафтдзæн. Курдиат нæбарвитæг адæймагæн социалон лæггæдтæ раттынц натуралон уагæй лæвар хосты, санаторитæм балцæгтæ, кæнæ горæтгæрон транспортæй лæвар цыды хуызы. Фæндонмæ гæсгæ адæймагмæ ис социалон лæггæдтæ æхцайæ райсыны бар. Февралæй фæстæмæ компенсацийы бæрц 1,8 мин сомы онг фæфылдæр уыдзæн. Адæммæ индексацигонд фиддон барвитдзысты æнæ курдиатæй.
Февралы 5,6 проценты бафтдзæн ныййарæджы капиталы – ома, сывæллонджын бинонтæн социалон æххуысы æппæтæй парахатдæр мадзалы бæрцыл дæр. Ныридæгæн ныййарæджы капиталæй чи нæма спайда кодта, æппæтæй фылдæр бафтаудзысты ахæм ныййарджыты капиталы бæрцыл. Ахæм бинонтæн капиталы бæрцыл бафтдзæн 38 мин сомæй фылдæр æмæ афтæмæй капиталы бæрц схæццæ уыдзæн чысыл хъуагæй 729 мин соммæ. Дыккаг сывæллонæн фылдæргонд ныййарæджы капиталæн гæххæттытæ арæзт кæд æрцыдысты, æмæ уыимæ сертификатæй кæд ницы бахардз кодтой, уæд капиталы бæрц схæццæ уыдзæн 963 мин соммæ, ома йыл бафтдзæн 51 мин сомы. Ныридæгæн ныййарæджы капиталы фæрæзты хайæ чи спайда кодта, уыцы ныййарджытæн дæр февралы капиталæй баззайæг фæрæзты бæрцыл бафтаудзысты.
Æрæджы сывæллæттæ кæмæн фæзынд, ныййарæджы капиталæй фæстæмæ ахæм бинонты æндæр пособитæ æмæ фиддонты бæрцыл дæр бафтаудзыс-ты. Зæгъæм, нæкусæг ныййарджытæн 1,5 азæй кæстæр сывæллонмæ зилыны фæдыл æрвылмæ-йон пособийы, æнхъæлцаудзинад æмæ арынады фæдыл, стæй сывæллоны
райгуырды, кæнæ йæ хъомыл кæнынмæ райсыны заман иурæстæгон пособийы бæрц фæфылдæр уыдзæн (февралæй фæстæмæ пособийы бæрц уыдзæн 28,5 мин сомы).
135 мин цæгатирыс-тойнагæй фылдæрыл чи аххæссыд, январы æххæстгонд фæдзæхстадон пенситы 7,6 проценты бæрц уыцы индексацийы фæстæ февралы баххæстгæнинаг индексаци нымад уыдзæн ацы азы райда-йæнæй нырмæ пособитæ æмæ фиддонтыл дыккаг дзыллон бафтыдыл.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: Уæрæсейы Социалон фонды цæгат-ирыстойнаг хайад иуæй-иу социалон фиддонты æмæ æххуысы мадзæлтты (ныййарæджы капиталы) фæрæзтæй сывæллæттæ æмæ æнхъæлцау сылгоймæгтæн иумæйаг пособиты, стæй 3 азæй кæстæр сывæллонæн æрвылмæ-йон фиддон нымайгæйæ, бæрц хæдбарæй ногæй кæмæ гæсгæ бахыгъта, январы фæцæрынæн хъæугæ тæккæ къаддæр хæрдзты ахæм бæрц дæр фæивта.
УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг
хайады пресс-службæ














