Таможняйы æнæкъуыхцы архайдæн

0
23

Цæгат Кавказы таможняйы управленийы хицау ДЗУГАТЫ Николайы разамындæй уыд ведомствæйы коллегийы æмбырд. Фембæлды архайджытæ бахыгътой 2025 азы куысты бæрæггæнæнтæ, стæй фæбæрæг кодтой хæстæгдæр фидæны архайды сæйрагдæр нысантæ.

Ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнтыл дзургæйæ, раныхасгæнджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй зынгæ фæфылдæр, æддагон-экономикон архайд чи кæны, уыцы компаниты нымæц.

Афтæ, алыхуызон товартæ æмæ продукци фæсарæнтæм арвитыны фæдыл афæдзы дæргъы таможняйы регионалон дæлхайæдтæм æмбæлгæ курдиæттæ балæвæрдтой 1 мин куыст-уатæй фылдæр. Æмткæй райсгæйæ та таможня 2025 азы дæргъы сарæзта 33,5 мин алыхуызон товарон декларацийы (уымæй размæ азимæ абаргæйæ, 31 проценты фылдæр). Ахæм æмæ иннæ цæстдарæн мадзæлтты фæрцы æххæстгонд æрцыдысты федералон бюджетмæ алыхуызон фиддонтæ æрвитыны пълантæ.

Специалисттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй афæдзы дæргъы æххæстгонд цыдысты таможняйы инфраструктурæйы объект-ты арæзтад æмæ бындурон цалцæджы пълантæ дæр. Цалдæр цæстдарæнуадзæн пункты баййæфтой бындурон рацарæзт. Уыдоны нымæцы – цæгатирыстойнаг «Уæллаг Ларс» дæр. Ахæм модернизацийы фæрцы амынд пунктты техникон хъомыс æнаипдæр кæны, бæлццон адæм къаддæр рæстæг хардз кæнынц паддзахадон арæны сæрты ахизыныл.

Æмбырды куыд загъдæ-уыд, афтæмæй арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæ нысангонд цæуынц ацы аз дæр. Ахæм архайд ныридæгæн кæм райдыдта, уыцы объекттæй иу у Беслæны аэропорт дæр – уым бындуронæй рацараздзыс-ты таможняйы цæстдарды «уæлдæфон» пункт.

Коллегийы уæнгтæ се ’ргом аздæхтой 2030 азы онг Таможняйы оргæнты райрæзты стратегийы уагæвæрдтæ æххæст кæнынмæ дæр.

 

Цæгат Ирыстоны
таможняйы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here