Удуæлдай фæллойы фæрцы

0
37

Дард Башкири кæнæ, Тюмены облæсты зæххы бынæй фондз километры бæрц арфæй кæй самал кæнынц, газы пецæй пайда кæнгæйæ, уыцы газ даргъкилометрон хæтæлтыл махмæ – Ирыстонмæ – куыд æрбафты, ууыл, æвæццæгæн, арæх нæ ахъуыды кæнæм.

Газуадзæн хæтæлтæм бафтыды агъоммæ амынд артаг раздæр маргджын
буаргъæдтæй сыгъдæггонд æрцæуы. Уазал кæм у, ахæм регионты фæзуатыл зæххы бын газæфснайæн бынæттæ, компрессорон станцæтæ æмæ газуадзæн хæтæлтæ æвæрын æнцон нæу.

Хæтæлты диаметр цас стырдæр у, уый бæрц сын фылдæр æлхъывдад саразын кæй хъæуы, уый нымайгæйæ, æрдзон газ Уæрæсейы алы регионтæм къæпхæнгай хæццæ кодта. Фæлæ, амынд артаг æппæтæй парахатдæрæй кæдæм цæуы, ивгъуыд æнусы æвдайæм азты Ирыстон дæр уыд ахæм республикæты номхыгъды, æмæ, цæмæй газæй  æнæлазæй ифтонггонд уа, уыцы хъуыддагмæ йæ заманы аккаг æвæрæн бахаста Советон Цæдисы «Нефтегазстрой»-ы сгуыхт кусæг, цалдæр орден æмæ бирæ майданы кавалер Хуытъиаты Петры фырт Алыксандр.

Дзæвгар рæстæг æнтыстджынæй бафæллой кодта нæ бæстæйы нефть æмæ газ амалгæнæг куыстуæтты. Алыксандр райгуырд 1937 азы Дигорайы зæхкусджыты хæдзары. Æхсæз-аздзыдæй лæппу хистæртимæ куыста колхозы быдырты (адæмæн бирæ зындзинæдтæ бавзарынгæнæг цыппорæм азты Алыксандры æмгæрттæй бирæтæ уыдысты  колхозы).

Официалон уагæй лæппуйæн фæллойадон стаж цæуын райдыдта 1956 азы Орджоники-дзейы нефты техникум (Дзæуджыхъæуы æрбынæттонуæвæг ныры Цæгат Кавказы арæзтадон техникум) каст фæуыны фæстæ. Амынд заман уæрсты фæткмæ гæсгæ Алыксандры арвыс-той Башкирийы газамалгæнæг куыстуатмæ.
Афæдзы æрдæджы фæстæ куыстмæ æвзыгъд лæппулæджы сæвæрдтой хайады мастерæй (æртын адæймаджы бæрц кæм фæллой кодтой, не ’мзæххоны  бæрны бакодтой ахæм куыстадон коллектив). Газ бæстæйы дæрддзæф регионтæм кæуыл цыд, Алыксандры бæрны-уæвæг коллектив егъау згъæр хæтæлтæй (сæ диаметр уыд 70 сантиметры) арæзта ахæм магистралон газуадзæн.

Зымæджы Башкирийы мæр 1,5 метры арфмæ кæй ныссæлы, уый хынцгæйæ, газуа-дзæн хæтæлтæ зæххы бын цыдысты 2 метры бæрц арфы. Хæтæлы къулы бæзн хæццæ кодта фынддæс сантиметрмæ. Куысты хæстæ æнæкъуылымпыйæ æххæстгæнæг не ’мзæххоны рæхджы сæвæрдтой горæт Нефтекамскы æрбынæттонуæвæг арæзтадон-монтажгæнæг управлени «Башнефтеспецстрой»-ы сæйраг инженерæй, фæстæдæр та – Оренбурджы трест «Востокспецгазстрой»-ы разамонæгæй. Сæдæгай адæймæгтæ кæм фæллой кодтой, ахæм коллективæн, кæй зæгъын æй хъæуы, разамынд дæттын æнцон нæ уыд, фæлæ Дигорайæ рацæуæг æрыгон нæлгоймаг йæ куыст æххæст кодта æнæкъуыхцыйæ. Оренбурджы нефть æмæ газы гуырæн бынат нымад у дунейы егъаудæр гуырæн бынæттæй иуыл.

1974 азы не ’мзæххоны сæвæрдтой Советон Цæдисы сæйраг сæрмагонд арæзтадон кусæндон «Главнефтегазстрой»-ы сæйраг инженерæй, 1996 азы  та – гом акционерон æхсæнад «Нефтегазпромстрой»-ы генералон директорæй. Газ чи амал кодта æмæ йæ чи куыста, Хуытъийы-фырт разамынд лæвæрдта ахæм егъау кусæндæттæн. Уымæй уæлдай, 1983 азæй фæстæмæ ныгуылæйнаг Сыбыры гуырæн бынæттæй нæ раздæры бæстæйы цæдисон республикæтæм æмæ суанг ныгуылæйнаг Европæйы паддзахæдтæм дæр æрвхуыз артаг кæуыл цыд, Алыксандры разамындæй арæзт æрцыд ахæм магистралон газуадзæн «Уренгой-Помары-Ужгород». Йæ иумæйаг дæргъ 4451 километры кæмæн у, (хæтæлты диаметр та – 142 сантиметры), æмæ æхсæзсæдæ цæугæдонæй фылдæры сæрты чи хизы, уыцы амынд газуадзæны трассæйыл ис 42 компрессорон станцæйы.

Газ æмæ нефть зæххы бынæй амал кæнынæн æмæ сæ фæстæдæр хæтæлтыл дард  рæттæм бауадзыны хъуыддаг æнæкъуылымпыйæ æххæст кæнынæн чи ахъаз кæны, техникон наукæты доктор Хуытъиаты Алыксандр у æхсæз ахæм æрхъуыдыдзинады автор.

Ивгъуыд æнусы æвдайæм азты дыккаг æмбисы æрдзон газ нæ республикæйы хъæууон районтæм парахатæй цæуын кæй райдыдта, уый банымайæн ис Алыксандры æнтыстдзинæдтæй иуыл. Уыцы заман Советон Цæдисы Нефть æмæ газы промышленносты министрады аппараты кусæг Хуытъийы-фыртмæ бахатыд нæ республикæйы раздæры разамонæг Хъæбæлоты Билар æмæ дзы ракуырдта  Æрæфы районмæ газ бауадзыны хъуыдда-джы баххуыс кæнын. Сыхаг Кæсæг-Балхъары республикæйæ Æрæфы районмæ газуадзæн цæмæй саразой, уый тыххæй амынд министрадæй райсын хъуыд разыйы дзуапп. Æнæ Алыксандры æххуысæй нæ республикæйæн ацы дзуапп райсын æнцон нæ уыд, æмæ Хуытъийы-фырты руаджы министрадæй газуадзæны арæзтадæн разыйы дзуапп райсын бантыст, афтæмæй иу-цасдæр рæстæ-джы фæстæ амынд районы цæрджытæм æрвхуыз артаг бахæццæ. Æрдзон газ парахатæй кæдæм цæуы, нæ республикæ ахæм регионтæм кæй хауы, уый æнæмæнг банымайæн ис Хуытъиаты лæппуйы æнтыстдзинадыл.

Алыксандрæн ис дыууæ фырты, уыдоны авд хъæбулы æмæ ма фырты фырты чызг дæр. Хуытъиаты мыггаджы ацы минæвæрттæ бахъуаджы заман сæхи равдисынц æрхъуыдыджын, ныфсхаст, æнæхин адæймæгтæй. Бирæ рæстæг куысты хæстæ æххæст кæныныл хардзгæнæг мæскуыйаг Хуытъиаты Алыксандр йæ байзæддæгты хъомыладмæ стыр æргом здахы.

Цалдæр азы размæ Алыксандр йæ фыртты хистæр фырттимæ бабæрæг кодта Ирыстон, базонгæ сæ кодта нæ республикæйы зæрдылдарæн бынæттимæ, бынæттон æгъдæуттимæ баст мидисджын хабæрттæ сын радзырдта. Алыксандры рахъомылуæвæг фыртыфырттæ ныртæккæ кæд нæ бæстæйы алыхуызон регионты цæрынц, уæддæр сæ куырыхон дадаимæ дарынц иудадзыг бастдзинад.

«Æнæхинæй, биноныг чи фæллой кæны, дзыллæтæ уыцы адæймагæн кад кæнынц», – зæгъы Хуытъийы-фырт. Цыфæнды бынат ахсгæйæ, Алыксандр куысты хæстæ æххæст кодта æнæкъуылымпыйæ.

Нефть æмæ газы гуырæнты фæллой кæнгæйæ, Хуытъийы-фырт фæсаууонмæ каст фæци Мæскуыйы В.В. Куйбышевы номыл инженерон-арæзтадон институт. Зæххы бынæй артагамалгæнджыты куыст цæмæй рæвдздæр æмæ ахадгæдæр уагæй цæуа, уымæн чи ахъаз кæны, амынд рæтты фæллой кæнгæйæ, Алыксандр къорд ахæм æрхъуыдыдзинады бавдыста бæстæйы разамындмæ. Куыстадон æнтыстдзинæдты фæдыл Дигорайæ рацæуæг нæлгоймагæн саккаг кодтой Советон Цæдисы Паддзахадон преми. Алыксандр йæ куыстадон æрхъуыдыдзинæдты фæрцы бахъахъхъæдта докторон диссертаци. Не ’мзæххон диссертацион доклад кæнынмæ куы ‘рбацыд, уæд Ахуыргонд советы уæнгтæ, кад ын кæнгæйæ, сыстадысты æмæ йын загътой: «Паддзахадон премийы лауреат нæм диссертаци фыццаг хатт хъахъхъæны».

Удуæлдай фæллойы фæрцы бæстæйы артаджы промышленносты райрæзтмæ аккаг æвæрæн чи бахаста, Ирыстон йæ уыцы намысджын хъæбулæй  сæрыстыр у.

 

Бутаты Фатимæ, Мæскуыйы цæрæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here