Ирон æвзаг уый бæрц хъæздыг æмæ цымыдисаг у, æмæ йыл бæстон куы ахъуыды кæнай, уæд дæхæдæг дæр дис кæндзынæ. Цавæрфæнды дзырд дæр райс, йæ мидис ын æвзарын райдай, æмæ бирæ хæттыты æнæ ахуыргæндты æххуысæй къуырцдзæвæнмæ бацæудзынæ.
Ирон æвзаджы дзырд «фæдзæхст» бæрæг бынат ахсы, стæй дзы адæм парахат æмæ æнцонæй пайда кæнынц, уæдæ йæ ихсыд дзырдыл банымайæн дæр нæй. Æвæццæгæн, уымæн ныффидар не ’взаджы, нæ царды. Абон дæр уыцы дзырды миниуæг æмæ мидис сæфт не сты. «Аланты Ныхас»-ы координацион советы уæнг æмæ Мæздæджы районы Ныхасы сæргълæууæг Гуццаты Фридон цы мидисджын чиныг рауагъта мыхуыры, уый дæр дзæгъæлы не схуыдта «Фæдзæхст». Йæ сæйрагдæр хъуыды уыдис æмæ у ирон адæмы иудзинад фидардæр кæнын. Уый та аразгæ у ирон мыггæгты æнгомдзинадæй. Автор цыппæрæм фарсы фыссы: «Хъуамæ алы мыггаг дæр бакæна иртасæн куыст æмæ уыцы куысты бындурыл сараза йæ мыггаджы бæлас. Кæстæртæ зонæнт сæ мыггаджы равзæрд, сæ бастдзинæдтæ къабæзтимæ, æрвадæлтимæ. Æрыгон фæлтæрæн æмбарын кæнын хъæуы, рагон æмæ кадджын мыггæгты фæдонтæ кæй сты, уый. Хъуамæ фæсивæд зоной, уæлдай цæстдард сæм кæй ис, уый æмæ сæхи рæдыдæй хизой».
Фридоны ацы хъуыдыимæ æнæсразы уæвæн нæй. Уымæн æмæ абоны фæлдурæдджын дуджы кæстæрты сæхи бар куы ауадзæм, уæд уый, фосы дзуг æнæ фыййауæй куыд баззайы, уымæй хъауджыдæр нæ уыдзæн. Ныппырх уыдзысты, æмæ ма сæ кæмдæрты агурдзыстæм.
Алы мыггаджы ‘хсæн дæр фидар бастдзинæдтæ куы уа, уæд уый дзурæг уыдзæн æппæт ирон адæмы иудзинад æмæ фидардзинадыл. Фридон дæр дарддæр уый зæгъынмæ хъавы: «Йæ мыггагæн аргъ кæнын чи базона, уый хъæуы дарддæр ахуыр кæнын Райгуырæн бæстæйыл æнувыд уæвыныл. Æрмæст йæхи бинонтæн, мыггагæн чи аргъ кæна, уымæй æхсæнадæн пайда нæй. Хъал, æдзæстуарзон у, æнæрвæссонæй кæсы иннæтæм».
Фридоны хъуыды зæгъон гыццыл мæхирдыгонау. Мыггаг рæзы æмæ фидар кæны хицæн бинонтæй.
Ис ахæм лæг, æмæ йæ бинонтыл вæййы тынг æнувыд. Йæ кæрт, йæ хæдзар – мыдыкъусы хуызæн аив, рæсугъд, æфснайд. Йæ кæртæй дарддæр авналын йæ хæсыл нæ нымайы. Ахæмты хонынц уæздан, хæдзарæн бæзгæ лæг.
Иннæ та йæ кæрт, йæ хæдзары сагъæстæй дарддæр йæ хъус дары йæ сыхæгтæм дæр. Йæ бон цас у, уый бæрц сын æххуыс кæны кæм уынаффæйæ, кæм хъуыддагæй. Ахæмæй та фæзæгъынц «сыхбæсты лæг».
Æртыккаг та йæ кæрт, йæ сыхбæстæй дарддæр йæ хъус, йæ арм дары, мæт кæны æппæт комбæс-ты хъысмæтыл, йе ’гъдау, фæткæвæрдыл. Йæхи бæрнонæй æнкъары комбæсты раз. Ахæмы та фæхонынц «комбæсты лæг», «комбæсты уынаффæгæнæг».
Дарддæр Фридон йæ рæсугъд хъуыдыты къуыбылой халы æмæ зæгъы: «Æгъдау æмæ мадæлон æвзаг нæртон лæгæн кæддæриддæр уыдысты æппæтæй ахсджиагдæр. Ирон æвзаг у зæххы къорийыл Хуыцаумæ кувæн æвзæгтæй иу, æмæ йæ бахъахъхъæнæм. Нæ куывд иу æвзагыл куы уа, уæд Хуыцаумæ дæр фехъуысдзæн. Ныййарджытæн сæ цотмæ кæйдæр æвзагыл дзурын сæрмæхæссинаг ма уæд».
Хистæрты тыххæй та Фридон фыссы: «Мыггаджы хистæртыл бинонты ’хсæн стыр хæс æвæрд ис. Æфсарм цы у, уый хъуамæ хистæр амона кæстæрæн. Æцæг зонын хъæуы: дæхæдæг цы не ’ххæст кæнай, ууыл никæй сахуыр кæндзынæ. Хъуамæ хистæр
кæстæрæй æфсæрмы кæна, цæмæй йын йæ бон уа бауайдзæф кæнын».
Ирон хæдзар фыдæй-фыртмæ фидыдта æмæ фидауы зондамонæг хистæр, кувæг лæг æмæ омменгæнæг кæстæртæй, кæрдзынгæнæг-сойкъух æфсин, кæстæриуæггæнæг чызджытæ æмæ чындзытæй. Алчидæр хъуамæ зона йæ бынат. Бинонтæй хъæр, гуымиры ныхас хъуамæ ма хъуыса, алы мыггаджы кæстæртæ дæр зоной, царды бинонтæ кæй сты сæйрагдæр. Бинонты нысан та у цот рауа-дзын æмæ сæ раст фæндагыл сæвæрын. Алы кæстæр дæр хъуамæ æмбара, кад æмæ худинаг цы сты, уый. Кæстæртæ раст фæндагыл æвæрд цæмæй цæуой, уый тыххæй Фридон дарддæр фыссы: «Кæмфæнды куы уа нæ кæстæр: æндæр бæсты, æндæр адæмы ‘хсæн, уæд, кадджын æмæ сæрыстыр адæмы минæвар кæй у, уый хъуамæ рох ма кæна, сæрыстыр уа, Ирыстоны минæвар кæй у, уымæй».
Уый уыд Гуццаты Фридоны гыццыл, фæлæ бæркадджын чиныг «Фæдзæхст»-ыл афæлгæст. Цæмæй йын йæ мидис, йæ хъуыды фылдæр адæм бамбарой, æмæ чиныг апарахат уа, уый тыххæй та «Аланты Ныхас»-ы ирон мыггæгты комитеты разамонæг Æгкацаты Юрийы хъæппæрисæй арæзт æрцыд мыггæгты Ныхæсты минæвæртты иумæйаг æмбырд. Боны фæткы уыдис ахсджиаг фарстатæ.
Цæмæй Фридоны чиныг «Фæдзæхст» парахатгонд цæуа ирон мыггæгты ‘хсæн, алы мыггаг дæр æй хъахъхъæна, æмæ йæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ дæттой, уый тыххæй мыхуыргонд æрцыд сæрмагонд стырдæр чиныг, мыггæгтæн цы чингуытæ байуæрстой, уый халдих, æцæг цалдæр хатты стырдæр.
Æгкацайы-фырты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, абоны онг Ирыстоны мыггæгты Ныхас чи сарæзта, уыдон сты 110. Уыдонæй уыцы сæрмагонд чиныджы сæ къухтæ бафыстой 97 мыггаджы, æмæ сын лæвæрд æрцыд сæхицæн дæр фæйнæ чиныг «Фæдзæхст»-ы. Алы мыггаг дæр æй дардзæн йæхимæ куыд йæ фыдæлты Фæдзæхст, фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрд цæудзæн æмæ, иу-дæс-фынддæс фæлтæрмæ куы бахæццæ уа, уæд уыцы кæстæртæ æрымысдзысты, мæ рагфыдæл уæд æмæ уæд бафыста ацы диссаджы цымыдисаджы «Фæдзæхст», ныр та мæ рад у, зæгъгæ.
Фридон, æппæт мыггæгты минæвæртты номæй æмæ мæхи номæй дæр дын зæгъæм бузныг! Стыр лæвар ракодтай дæ раттæг ирон адæмæн, æмæ дын ноджы фылдæр бантысæд. Ирон адæм, Хуыцауы фæдзæхст ут!
МАМИАТЫ Таймураз,
æхсæнадон уацхæссæг














