Зæрдиаг лæггад

0
103

Зæххыл цы бирæ дæсныйæдтæ ис, уыдонæй алкæцыдæр у хъæугæ. Сæ рагондæрыл нымад у хæринаггæнæджы куыст. Кæмфæнды дæр – скъолаты, заводы, денджызон науы, суанг шахтæ æмæ космосы дæр адæмы хъæуы хæринаг. Æфсæст адæймагæн йæ зæрдæйы уаг дæр хуыздæр вæййы.

Афтæ хъуыды кæны Бæтæхъойыхъæуы рæвдауæндоны фæлтæрдджын хæринаггæнæг Татраты Светланæ. Йе ‘мкусæг Дзебысаты Оксанæимæ сæ куыст уарзынц æмæ йæ кæнынц зæрдиагæй, уымæн æмæ хъæубæсты рæзгæ фæлтæр сæ бæрны сты. Хæрзад æмæ пайдайаг хъæрмхуыппытæ, кастæ, адджын гуылтæ æмæ салаттæ сын сцæттæ кæнынц, сывæллæттæ уарзынц сæ конд чъиритæ дæр. Сæ фынгтыл æнæмæнг  вæййы фыдызгъæл æмæ æхсыры хæринæгтæ, кæсаг, дыргътæ æмæ халсартæ. Алы  хъуыддагмæ йæ цæст дары рæвдауæндоны сæргълæууæг Уататы-Бедойты Жаннæ.

Ног арæзт рæвдауæндонæн йæ къæбиц дæр у уæрæх æмæ райдзаст, алыхуызон нырыккон техникæйæ – ифтонг. Ис сæм хорз пецтæ, уазалгæнæн, æндæр хъæугæ дзаумæттæ. Мигæнæнтæ, къустæ, къоппатæ иууылдæр фырсыгъдæгæй цæхæртæ калынц. Хæринаггæнæджы куыст домы сыгъдæгдзинад, сæрмагонд уæлæдарæс, хæрзарæхст бавнæлд. Светæ æмæ Оксанæ куыд хи хъæбултæн, афтæ зæрдиагæй цæттæ кæнынц алыхуызон хæрзад æмæ хæрзхъæд хæринæгтæ. Уый тыххæй арæх фехъусынц арфæйы ныхæстæ ныййарджытæй, нæ хъæбул рæвдауæндоны конд хæринæгтæ æрымысы хæдзары, зæгъгæ. Фыр буцæй ма сын фыдджынтæ дæр скæнынц.

Гугкаты Жаннæ,

къам систа Татьянæ Шеходанова

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here