Донивылдтытæ æмæ зынгсирвæзтытæй æдасдзинады мадзæлттæ

0
76

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО видеоконференцийы бастдзинады фæрцы архайдта, Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Дмитрий ПАТРУШЕВ цы уæрæх æмбырд сарæзта, уым. Боны фæткы уыдысты донивылдтытæ, зынгсирвæзтытæ æмæ æндæр ахæм æрдзон фæзындтытæй æдасдзинады мадзæлттæ.

Ныхасы архайæг уыдысты УФ-йы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты, агентадтæ «Росприроднадзор»-ы, «Росгидромет»-ы, «Рослесхоз»-ы, «Ростехнадзор» æмæ æндæр федералон ведомствæты разамонджытæ, стæй бæстæйы регионты сæргълæуджытæ.

Æмбырды архайджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй æппæт профилон федералон æмæ регионалон ведомствæты æнгом æмархайды фæрцы фарон къухы бафтыд амынд æрдзон æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ рапарахат кæнынæн фадат ма раттын, хъыгдард баййафæг фæзуæттæ æмæ адæмы бахъахъхъæнынæн уæлæмхасæн мадзæлттæ саразын.

– Зæгъæм, фарон Хицауады уынаффæйæ æрдзон зынгсирвæзтытæй хъахъхъæныны мадзæлттæн дихгонд æрцыд 20 миллиард сомæй фылдæр. Уый фæрцы ивгъуыд азы дыууæ хатты фæкъаддæр æрдзон зынгсирвæзтытæй хъыгдард зæххыты фæз-
уат. Ацы аз ахæм профилактикон мадзæлтты пълантæ æххæст кæнынæн уæлæмхасæн ноджы дæр ма дихгонд æрцæудзæн 7 миллиард сомы бæрц. Уыимæ, сæрмагонд æргом здæхт уыдзæн зынгсирвæзтытимæ тохгæнæг дæлхайæдтæ техникæ æмæ специалисттæй фæхъомысджындæр кæныны фарстамæ, – бафиппайдта Дмитрий Патрушев.

Куыд загъдæуыд, афтæмæй æрдзон зынгсирвæзтытæй хъахъхъæныны ма-
дзæлттæ æххæст кæнынæн 19 уæрæсейаг регионæн лæвæрд æрцæудзæн сæрмагонд федералон æххуыс.

Хицауады Сæрдары хæдивæг зæрдыл æрлæууын кодта Президенты амынд-
дзинад: 2030 азы онг æрдзон зынгсирвæзтыты фæзуæттæ дыууæ хатты хъуамæ фæкъаддæр уой. Уыимæ, ныртæккæ та ахæм зынгсирвæзтытæн сæ 85 проценты хъуамæ иуварсгонд цæуой иу суткæйы æмгъуыдмæ. «Æппæт уыцы нысантыл бæрнонæй бакусын хъæуы. Уымæн ис фадæттæ æмæ хъарутæ», – фæнысан кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг.

Æмбырды кæронбæттæны амынддзинæдтæ лæвæрд æрцыд профилон ведомствæты разамонджытæн.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here