Дзæуджыхъæуы кусæг балцы уæвгæйæ, УФ-йы Генералон прокуратурæйы цæгаткавказаг управленийы разамонæг Еленæ БОЛДЫРЕВАЙÆН фембæлд уыд, Прокуратурæмæ алыхуызон курдиæттимæ чи бахатыд, республикæйы цæрджыты уыцы къордимæ.
Регионы цæрджытæ Прокуратурæйы бæрнон кусæгмæ бахатыдысты бирæ алыхуызон фарстаты фæдыл. Уыдон баст уыдысты сахъат адæмæн техникон реабилитацийы фæрæзтæ дæттынимæ, æхсæнадон фæлладуадзæн бынæтты нывыладимæ, цардыуаджы хауæццæгтæ æмæ æндæр бырæттæ афойнадыл сæрмагонд полигонмæ ласынимæ, зæххы хæйтты исбонады тыххæй æвдисæндартæ исынимæ, стæй æндæр ахæм хъуыддæгтимæ.
Фембæлдмæ чи саккаг кодта, уыцы адæмæй алкæмæндæр бæлвырд амынд æрцыдысты сæ бартæ, стæй сын зæрдæ бавæрдтой, сæ фарстатæ куыд лыггонд цæуой, уымæ Прокуратурæйы ’рдыгæй цæстдард кæй уыдзæн, уымæй.
Фæстæдæр Генералон прокуратурæйы минæвæрттæ бабæрæг кодтой паддзахадон фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы регионалон хайад. Уым та сын фембæлд уыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтимæ. Адæмы ацы къорды минæвæрттæ рæгъмæ рахастой муниципалон зæрдæлхæнæнтæ исыны, цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты фиддонты ныхмæ компенсацитæ дæттыны, ног арæзт хæдзæрттæ дон- æмæ газуадзæн хæтæлтæм баиу кæныны, стæй æндæр социалон лæггæдтæ райсыны фæткимæ баст фарстатæ.
Æппæт курдиæттыл дæр иумæйаг хъарутæй бакусдзысты цæстдарæг структурæты, профилон ведомствæтæ æмæ фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы специалисттæ.
РЦИ-Аланийы
Прокуратурæйы
пресс-службæ














