Национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»

0
33

Цæгат Ирыстоны дарддæр архайд цæуы ахуырады кусæндæтты рацарæзтыл. Бындурон цалцæджы программæмæ хаст объекттæй иу уыд Дзæуджы-
хъæуы 36-æм скъола дæр (æрбынæттон Мæскуыйаг уынджы).

Ныр дæргъвæтин бындурон цалцæджы куыстытæ ацы объектыл ахицæн сты, подрядон организацийы бригадтæ ахадгæ архайд бакодтой. Аразджытæ раивтой агъуысты сæр, стæй донуадзæн, хъармдæттæн æмæ иннæ коммуникацитæ, базылдыс-
ты ахуырадон æмæ административон кабинеттæм, æмбырдтæаразæн æмæ спортивон залтæм, æппæт иннæ бæстыхæйттæм…

Уый тыххæй фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы пресс-службæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, бындурон цалцæджы фæстæ кълæстæ æмæ иннæ кусæнуæттæ æмбæлы ног ифтонггæрзтæй рафидауын кæнын. Æмæ уыцы куыст дæр æххæстгонд æрцыд – кълæсты сæвæрдтой ног хæдзарыдзаума, интерактивон фæйнæджытæ, проектортæ… Уыцы ног техникæ, æнæмæнг, хорзæрдæм сахаддзæн ахуырады фæткыл, скъоладзаутæн уыдзæн хæрзхъæддæр зонындзинæдтæ райсыны фадат.

Цæстдарæг ведомствæты минæвæрттæ хорз аргъ скодтой, скъолайы бындурон рацарæзт куыд æххæстгонд æрцыд, уымæн. Специалистты хатдзæгмæ гæсгæ, ныр скъолайы æдас æмæ хæрзвадат уавæртæ ис рæзгæ фæлтæры бæстон ахуырад æмæ æппæтвæрсыг райрæзтæн.

Зæгъын хъæуы, бындурон цалцæджы куыстытæ фыццаградон национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы фæлгæты æххæстгонд кæй æрцыдысты, уый дæр.

Муниципалитеты минæвар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй горæтаг скъолаты бындурон цалцæджы куыстытæ ацы аз дæр адарддæр уыдзысты.

Дмитрий АСТАХОВ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here