Тадтаты Дзамболат – Хицауады Сæрдар

0
38

Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы Указæй Тадтаты
Дзамболат нысангонд æрцыд республикæйы Хицауады Сæрдарæй.

Уый размæ республикæйы Парламент разыйы дзуапп радта Президентæн, цæмæй Тадтайы-фырт нысангонд æрцæуа премьер-министры бынатмæ. Парламенты æмбырды чи архайдта, уыцы 26 депутатæй 25 сразы сты Президенты фæндонимæ.

Парламентариты раз раныхас кæнгæйæ, Тадтаты Дзамболат фæбæрæг кодта, ацы аз æмæ хæстæгдæр фидæны республикæйы Хицауад сæйрагдæр æргом цы фарстатæм аздахдзæн, уый. Йæ ныхасмæ гæсгæ, райдайын хъæудзæн паддзахадон разамынды системæйы бындурон модернизацийæ. Уый фæрцы къухы бафтдзæн Хуссар Ирыстоны ахадгæ райрæзтæн фидар бындур æрæвæрын, фидæны пълантыл бæстон бакусын.

Хицауады ног Сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй стратегион нысаниуæг уыдзæн «2026-2030 азтæн республикæйы социалон-экономикон райрæзты программæ»-йæн.

«Хицауадмæ цы фæрæзтæ ис, уыдонæй хъуамæ пайдагонд æрцæуа амынд программæ æмæ райрæзты æндæр проекттæ æххæст кæныны хъуыддаджы. Экономикæ æмæ социалон царды æппæт къабæзты дæр хъуамæ фидаргонд æрцæуой, дарддæр райрæзтæн бындурон чи суа, ахæм пълантæ», – загъта Тадтайы-фырт.

(Информацион
агентад «Спутник»)

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here