Сæрдмæ нал фæцард бæлас…

0
23

 «Майы фаззон» – «Орфейы уазæг» – афтæ схуыдтой зындгонд поэт, прозаик, тæлмацгæнæг Хозиты Ясоны фырт Яковы 110 азы райгуырды боны кадæн мысæн изæр. Бацæттæ йæ кодтой Дзæуджыхъæуы горæты центрон чиныгдон, литературон музейы кусджытæ æмæ Фысджыты цæдис.

Уарзон фыссæг, æдзард поэт, ирон дзырдаивады дæсны Хозиты Яковы цыбыр, фæлæ мидисджын хъысмæтыл  дзырдта изæр амонæг, чиныгдоны бæстæзонæн хайады сæргълæууæг Мурасты Риммæ. Экраныл æвдыстой хуызистытæ, Яковимæ баст фысджыты мысинæгтæ. Изæр саразджытæ бацæттæ кодтой чингуыты цымыдисаг равдыст, поэзийы нысан – мыдадзын цырагъ ссыгътой.

Æмбисондау хъæздыг æмæ цæрæццаг рауад Яковы цыбыр литературон цард, йæ бирæ фæндтæ, рæсугъд бæллицтæ æрдæгыл баззадысты. Æрцыд æвирхъау хабар: Терчы знæт уылæнтæ 22-аздзыд курдиатджын лæппуйæн йæ цард аскъуыдтой. Цæуынц азтæ, æмæ абоны фæлтæртæ Хозиты Яковы сфæлдыстад зонынц æмæ уарзынц.

Мысæн изæры архайджытæ – Хозиты мыггаг æмæ Кировыхъæуы минæвæрттæ, фысджытæ, республикæйы зындгонд адæм иу уысм æдзæмæй алæууы-дысты.

Поэт æнæкæронæй уарзта йæ фыдæлты уæзæг, Кировыхъæу, Ирыстон. Уыдонимæ æнгом баст у йе сфæлдыстад.

Мысæн изæры Яковы цард æмæ сфæлдыстадыл хъуыст бирæ зæрдæмæ-хъаргæ ныхæстæ. Кировыхъæуы скъола ныр сæрыстырæй хæсдзæнис номдзыд поэты ном. Скъолайы ахуырдзаутæ равдыстой сæ арæхстдзинад æмдзæвгæтæ дзурынæй.

Адæмон фыссæг Дауыраты Дамир дзырдта, чиныгæн цы стыр кад уыдис, ууыл æмæ рæзгæ фæлтæрæн бафæдзæхста, цæмæй сæрыстыр уой сæ зындгонд хъæуккæгтæй, ахуырмæ тырной.

– Кировыхъæуы стыр кад кæнынц сæ поэттæн, æмæ уый бафæзминаг хъуыддаг у, – загъта Дамир.

РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар Хозиты Барис хорз зонгæ у поэты цард æмæ сфæлдыстадимæ, йæхицæн хæсыл банымадта æрмæг сæмбырд  кæнын æмæ йæ чиныджы хуызы рауадзын.

– Ирыстоны поэзиуарзджытæн хъæздыг  бынтæ ныууагъта Яков. Æмæ ма йын цас бантыстаид, хæрзæрыгонæй куы нæ фесæфтаид, уæд! Йæ фарн цæрдзæн, йæ ном никуы бамынæг уыдзæн, – загъта Хозиты Барис, арфæ ракодта Мурасты Риммæйæн æмæ, поэты сфæлдыстадæн аргъ чи кæны, уыдонæн.

– Зынгзæрдæ фыссæг Хозиты Яковы ирд æрдзон курдиат у хуымæтæг æмæ æргом, цæры æмæ цæрдзæн æхсæнады, уымæн æмæ бæрзонд хæссы поэт æмæ адæймаджы ном, – загъта адæмон фыссæг Агънаты Гæстæн.

Арфæйæ райдыдта йæ раныхас поэт Къадзаты Станислав. Йе ’мхъæуккаг уыдис Хозиты Яков. Сæумæрайсомы зæдтимæ йæ зæрды цы ног рæнхъытæ равзæрдысты, уыдон бакастис.

Кировыхъæу æмæ поэты сфæлдыстадæн стыр аргъ кæнгæйæ, фæсивæдмæ уыд йæ ныхас нæ республикæйы Хицауады минæвар Бигъуы-
латы Людмилæйæн
.

– Нæ буц кæстæртæ, сымахæн алы уавæртæ дæр ис, æмæ æнæзивæгæй тырнут зонындзинæдтæм. Хъæуккаг сывæллæттæ фæлтæрдджындæр вæййынц, хъару уæм разынæд нæ уарзон хъæуы ном ноджы кадджындæр скæнынæн. Рæстæг дугъон бæхау згъоры, хистæрты бынатмæ уæ хъæудзæн. Нæ тых нæ иудзинады кæй ис, уый уæ рох ма уæд, – загъта Людмилæ.

Æмбырды ма сæ хъуыдытæ, сæ мысинæгтæ загътой Хозиты Яковы кæстæр хо Асиат, сæ хæрæфырт Челдыты Руслан æмæ иннæтæ.

Сæ куыстæй хатдзæгтæ скæнгæйæ, иумæйаг уынаффæ рахастой Хозиты Яковы хæдзары къулыл номарæн фæйнæг бакæнын.

 

Гугкаты Жаннæ, къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here