Афгайнаг скверы мемориалы цур

0
84

Советон æфсады контингент Афганистанæй ракæныны 37 азимæ баст зæрдылдарæн хъуыддаджы архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Цæгатирыстойнæгтæй уыцы хæсты чи фæмард, уыдоны номыл Афгайнаг скверы мемориалмæ æрæмбырд сты хæсты ветерантæ, республикæйы разамынд.

Сергей Меняйло дидинджытæ сæвæрдта мемориалыл, куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы зæрдылдарæн у лæгдзинады, хæстон традицитæ иу фæлтæрæй иннæмæ дæттыны нысан. «Нæ бæстæйы историйы 15 февраль ссис уæлдай ахадгæ бон. Сæ интернационалон хæс рæстагæй æххæстгæнгæйæ сæ цард чи ратта, уыдоны абон мысæм. Ныртæккæ Уæрæсе сæмбæлд ног тæссагдзинæдтимæ, нæ лæппутæ сæрмагонд æфсæддон операцийы кадимæ сæ хæстæ æххæст кæнынц. Тагъд сæ хæдзæрттыл кæй сæмбæлдзысты, уый мæ уырны.

Тохы быдыртæй чи нал раздæхт, уыдоны рухс нæмтты раз нæ сæртæ дæлæмæ уадзæм. Нæ сæйраг хæс у, сæ бинонтæм сын кæсын, ветерантæн лæггад кæнын, æрыгæттæн хъæбатыр-дзинады тыххæй хабæрттæ дзурын. Ардбахæрдыл афтæ æнувыд кæй стут, уæ фидардзинады  тыххæй уын, зынаргъ афгайнаг ветерантæ, ныллæг кувæм», – загъта респуб-ликæйы Сæргълæууæг.

Мемориалыл дидинджытæ сæвæрыны архайдтой Хицауады, Дзæу-джыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттæ, хæстон цауты ветерантæ, æхсæнадон организациты æрвыст адæм, чи фæмард, уыдоны хиуæттæ, æвзонг æфсады уæнгтæ, студенттæ. Чи фæмард, уыдоны æрымысыдысты, æдзæмæй минут алæугæйæ. Афгайнаг хæсты Цæгат Ирыстонæй архайдтой 2,5 мин адæймаджы, сæ фылдæр хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хæрзиуджытæй.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here