Рæстæг æмæ уавæртæ

0
72

Районы Фæсивæдон парламентмæ æвзæрстыты бонæй бирæ рæстæг нæ рацыд, ныр йæ 27 минæвары бавнæлдтой сæ хæстæ æххæст кæнынмæ. Ног равзæрст парламенты куысты сæйрагдæр у фæсивæдмæ граждайнаг ахаст гуырын кæнын, районы Минæвæртты æмбырды куысты архайын, стæй районы фæсивæды бартæ æмæ закъонадон интерестæ хъахъхъæнын.

Æппæт ацы фарстатæм Фæсивæдон парламенты депутаттæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц. Сæ уæлхъус сты районы депутаттæ, цæттæ сты фæндаг амонынмæ,
кæстæр æмкусджытæн æххуыс кæнынмæ. Сæ иумæйаг архайдæй аразгæ сты районы царды уавæртæ. Кусын кæуыл хъæуы, уыцы фарстатæ та бирæ сты, æмæ куыд æххæст цæудзысты, уымæй аразгæ у цæрджыты ахаст хицаудзинадмæ, уæлдайдæр – абоны уавæрты.

Ралæууыд, æхсæнад æрбангом кæнын кæд хъæуы, уыцы рæстæг, æмæ уымæн стыр ахъаз сты районы волонтертæ æмæ бархионты архайд. Ахæм къабаз нæй, се ‘ххуысы фæрцы бирæ фарстатыл кæронмæ кæм нæ цæуы куыст: сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æрвитынц хызтæ, сойын цырæгътæ, æрвылбоны æнæмæнгхъæугæ дзаумæттæ, хæдтулгæтæ. Хуыйынц уæлæдарæс, гуманитарон æххуыс сæм хæццæ кæнынц, госпитæлты зилынц цæф хæстонтæм, хæстæджытæн æххуыс кæнынц сæ хæстоны ссарынмæ. Мæздæджы бынæттон хиуынаффæйад республикæйы министрадтæ æмæ ведомствæтимæ иумæйагæй æх-хуыс кæнынц сæрмагонд операцийы ветерантæ æмæ сæ бинонтæн. Дыууæ мин хæстонæй фылдæр
лæууы Социалон лæггæдты центры хыгъды, алы бинонтæн дæр арæзт æрцыдысты социалон паспорттæ, сæ алкæмæн дæр сфидар кодтой социалон кусæг. Центры инвалидтæн ис фадат реабилитацийы техникон фæрæзтæ рæстæгмæ исынæн.

Хъуыдыйаг у куысты фарста, арæх ис фехъусæн, районы куыст нæй, зæгъгæ. Адæмæн куысты бынæттæ дæттыны программæйы фæрцы Мæздæджы центрмæ куыстагур цы 508 адæймаджы æрбацыд, уыдонæй йæ 2 сæдæйы ссардтой. Ныр районы æгуыст адæмы бæрц у 1,9 проценты. Рæзы амалхъом адæймæгты бæрц, регистрацийы чи ацыд, уыдоны нымæц ахызт дыууæ минæй. Æрвылаз районы бюджетæй фæрæзтæ дихгонд цæуынц чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады рæзтæн, аразынц, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм инвестицион проектты конкурстæ. Уæлахиздзаутæ райсынц æхцайы фæрæзтæ сæ проекттæ царды рауадзынæн, афтæмæй æртæ алыхуызон проекты фæуæлахизуæвджытæн районы бюджетæй лæвæрд æрцыд фæйнæ 500 мин сомы.

Милуан сомы бæрц проекты фæрцы рамбылдта Веселæйы скъолайы медиацентр «Юность».Черноярскæйы станицæйы скъола хъæууонхæдзарадон кълæстæ сифтонг кæнынæн райста субсидитæ. Хъызлары скъола сывæллæттæ æмæ фæсивæды æппæтуæрæсеон змæлд «Движение первых»-ы сси конкурсы призер æмæ рамбылдта 200 мин сомы, 300 мины та Кванториумы хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой. Мæздæджы – 3-æм æмæ 108-æм скъолаты æххæстгонд цæуы национ проект «Беспилотные авиационные системы».

ХУЫБИАТЫ Ларисæ, къам систа
Светланæ ЧАрчаранова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here