Агропромышленнон комплекс: райрæзты проекттæ

0
44

2026 азы Цæгат Ирыстоны агропромышленнон комплексы райрæзтæн дихгонд цæуы 2 миллиард сомæй фылдæр. Ахæм нымæцтæ фехъусын кодтой, РЦИ-Аланийы премьер-министр Дзанайты Барис Хицауады уæнгтæн цы уæрæх æмбырд сарæзта, уым.

Фембæлды архайджытæ бæстон æрдзырдтой регионы хъæууон хæдзарады къабазы райрæзты ахсджиагдæр проекттыл, фæбæрæг кодтой нысангонд куыстыты фæтк.

Æмбырды райдайæны Дзанайты Барис Хъæууон хæдзарады министрады разамындæн бацамыдта, цæмæй бæстон æркастæуа, къабазæн дихгонд паддзахадон субсидитæ цас раст хардзгонд цæуынц, уымæ.

– Профилон республикон ведомствæ хъуамæ æркæса æмæ фæбæстон кæна агропромышленнон компанитæн гранттæ дæттыны фæтк. Уымæй уæлдай, иудадзыг
бæстон цæстдард хъуамæ уа хъæууонхæдзарадон компанитæ æмæ фермертæн дихгонд субсидитæ куыд хардзгонд цæуынц, уымæ дæр, – бафиппайдта Дзанайы-фырт.

Ныхасы архайджытæ æрдзырдтой, къабазы дарддæры райрæзтæн ахъазгæнæг программæтыл куыст куыд цæуы, ууыл дæр. Ахæм ног проекттæй иу у агрономон кълæсты фæтк.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ахæм профилон кълæстæ байгом сты Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Фидæны хъæууон хæдзарады къабазы специалист суæвыны фæндон чи равдыста, уыцы ахуырдзаутæн сæрмагонд семинартæ æмæ æндæр мадзæлттæ аразынц Хæххон паддзахадон аграрон университет æмæ иннæ профессион ахуырадон кусæндæтты специалисттæ.

Теоретикон ахуыртæй уæлдай, агрономон кълæсты ахуырдзаутæн балцытæ вæййы республикæйы хъæууонхæдзарадон куыстуæттæм. Афтæмæй скъоладзаутæ бынæтты бæстон зонгæ кæнынц куыстадон процесстимæ.

Амынд проект æххæст кæныныл дзургæйæ, регионы хъæууон хæдзарады министры хæстæ рæс-тæгмæ æххæстгæнæг Мæхъиты Алан куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ архайд цæуы ноджыдæр ма 7 агрономон къласы байгом кæныныл.

Уыцы архайд хорзыл банымайгæйæ, Хицауады Сæрдар бафæдзæхста, цæмæй уыцы уæлæмхасæн кълæстæ 1 сентябры кусын райдайой (ныртæккæ республикæйы ис ахæм 26 къласы). Фарстайæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайы-фырт профилон ведомствæйы разамындæн бахæс кодта, цæмæй агрономон кълæсты кусæг специалистты дæсныдзинад бæрзонддæр кæныны фарстамæ дæр уа æмбæлгæ цæстдард.

Æмбырды боны фæткы фарстатæй иу уыд донхорыггæнæн системæты куыст сног кæнын. Уыцы фæрæзтæй, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ аразгæ у тыллæгæрзад.

Хъæууон хæдзарады министрады специалистты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд азы Кировы æмæ Мæздæджы районты райдыдта куыст  донхорыджы 3 проектыл (сæ иумæйаг аргъ у 129 милуан сомы бæрц). 2026 азы мелиорацийы программæйыл куыст адарддæр уыдзæн. Афтæ, азы дæргъы хъуамæ æххæстгонд æрцæуой ноджыдæр ма донхорыджы 5 проекты. Уыдоны фæрцы мелиорацийы мадзæлттæ аххæсдзысты уæлæмхасæн 1300 гектарыл.

Æмбырды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой агротуризмы райрæзтмæ дæр. Куыд загъдæуыд, афтæмæй, агротуризмы проекттыл чи кусы, уыцы цæгатирыстойнаг компанитæ 2024 æмæ 2025 азты паддзахадон субсидиты хуызы райстой 230 милуан сомæй фылдæр. Уыцы паддзахадон гранттæ хорз ахъаз фесты агротуризмы проекттыл куыст адарддæр кæнынæн. Ацы азы дæр хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ бакусдзысты 12 ахæм проектыл (уыдонæн нысангонд цæуы 114 милуан сомы бæрц).

Къабазы 2025 азы куысты бæрæггæнæнтыл дзургæйæ, Мæхъиты Алан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй райрæзты программæтæ æмæ проекттæн дихгонд æрцыд 1,2 миллиард сомæй фылдæр. Уыдоны фæрцы æххæстгонд цæуынц ног дыргъдæттæ ныссадзыны, фосдарæн фермæтæ æмæ æндæр фермерон хæдзарæдтæ байгом кæныны проекттæ. Республикæ архайы федералон проект «Кадртæ – агропромышленон комплексæн»-ы уаг-æвæрдтæ æххæст кæныныл дæр. Уыцы проекты фæлгæты республикæйы агропромышленнон комплексы куыстуæттæ хъæугæ специалисттæй ифтонг кæныны мадзæлттыл хардзгонд æрцыд 30 милуан сомæй фылдæр. Ахæм фæткыл куыст цæуы агропромышленнон комплексы райрæзты иннæ программæтæ æмæ проекттыл дæр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here