Куыд республикæйы цалдæр муниципалитеты, афтæ Мæздæджы районы дæр архайд цæуы нысанмæарæзт программæ «Хъæууон ахуыргæнæг»-ыл. Фæстаг цалдæр азы дæргъы æрыгон кæнæ фæлтæрдджын ахуыргæнджыты къорд сæ кусæн бынæттæ раивтой хъæутæм.
Амынд программæ районы æххæстгонд цæуы 2020 азæй фæстæмæ. Районы ахуырады управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уæдæй нырмæ 18 ахуыргæнæджы систы программæйы архайджытæ æмæ ныр кусынц дæрддзæф хъæуты скъолаты. Куыд æмбæлы, афтæ уыдонæй алкæмæндæр сæрмагонд паддзахадон компенсацион фиддоны хуызы лæвæрд æрцыд фæйнæ 1 милуан сомы (уыимæ, уыцы фæрæзтæ адæймаг хардз кæны йæхи фæндонмæ гæсгæ).
Специалисттæ хорз аргъ скодтой программæйы ахадындзинадæн.
«Хъæууон ахуыргæнæг»-ы уагæвæрдты фæрцы бирæ чысыл горæттæ æмæ дæрддзæф хъæуты скъолаты кусын райдыдтой, дзæвгар рæстæг хъуагдзинад кæмæй æййæфтой, ахæм специалисттæ.
Уыцы æууæл хынцгæйæ, программæйыл куыст адарддæр уыдзæн 2026 æмæ хæстæгдæр азты дæр. Уыимæ, «Хъæууон ахуыргæнæнæг»-ы хъомыс фæахадгæдæр кæнынæн ныр уыцы программæ суыдзæн фыццаградон национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы иу хай.
Мæздæджы район дæр дарддæр кусы программæйы уагæвæрдтыл.
Ахуырады управленийы куыд радзырдтой, афтæмæй уал ныридæгæн программæйы архайæг суæвынмæ хонынц историйы ахуыргæнæджы (Мæздæджы 8-æм скъолайæн), англисаг æвзаджы (Винограднæйы хъæуы скъолайæн), райдайæн кълæсты (Тельмæны поселочы скъолайæн) æмæ математикæйы ахуыргæнæджы (Сухотскы хъæуы скъола-йæн).
Уый фæдыл конкурсы архайынвæнд чи скæна, уыцы ахуыргæнджыты курдиæттæ ист цæуынц 2026 азы 10 апрелы онг. Уыимæ, конкурсы уæлахиздзаутæ сæ ног бынæтты кусын хъуамæ райдайой 2026 азы 1 сентябры. Кæй зæгъын æй хъæуы, программæйы архайджытæ æнæкъуылымпыйæ райсдзысты æмбæлгæ фæйнæ 1 милуан сомы дæр.
Æппæт сæвзæргæ фарстатæ дæр бадæттæн ис районы ахуырады управленийы специалисттæм…
Калманты Аслан














