РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО фембæлд сæрмагонд регионалон ахуырадон программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы кæронбæттæны архайджытимæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы проекты архайынц сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ.
Ацы бонты ахицæн ахуырадон семинарты æртыккаг къæпхæн, сæйрагдæр дзы уыдысты хицаудзинады регионалон æмæ муниципалон оргæнты æххæстбартæ, се ’рвылбоны куысты ахсджиагдæр фарстатæ. Цалдæр боны дæргъы программæйы архайджытимæ куыстой республикон министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ – фæхай сын кодтой сæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинадæй. Ахуырадон лекцитæ та амыдтой УФ-йы Президенты цур Паддзахадон службæ æмæ адæмон хæдзарады академийы ахуыргæндтæ æмæ иннæ специалисттæ.
Программæйы архайджытæн практикон фембæлдтытæ сарæзтой хицаудзинады оргæнты, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, культурæйы, спорт æмæ социалон лæггæдты кусæндæтты. Ахуырты æртыккаг къæпхæны кæронбæттæны алчидæр ныффыста тесттæ æмæ ратта фæлварæнтæ.
Фембæлды райдайæны Сергей Меняйло сæрмагондæй фæбæрæг кодта, программæйы архайджытæ ахуыртæм цымыдисдзинад кæй æвдисынц, æппæт хæслæвæрдтæ дæр бæрнонæй кæй æххæст кæнынц, райгуырæн республикæйæн пайдайаг специалисттæ суæвынмæ кæй тырнынц, уый.
– Программæйы уагæвæрдтыл кусгæйæ, бацархайдтам, цæмæй сымах æппæтвæрсыг профессион æмæ удварнон райрæзтæн уа æмбæлгæ уавæртæ, цæмæй уæ алчидæр æххæстæй равдиса йæ хъомыс. Ныфс мæ ис, семинартæ æмæ иннæ ахуырты цы ног зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад райстат, уый уын фидар бындур кæй суыдзæн уæ дарддæры цардархайды ног æнтыстдзинæдтæн, – бафиппайдта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.
Ахуырадон æмæ лекцион семинарты æртыккаг хай кæд ахицæн, уæддæр программæйы архайджытæн уæгъд рæстæг бирæ нæ уыдзæн: ныр та сæм æнхъæлмæ кæсынц стажировкæтæ хицаудзинады оргæнты, стæй сæ рауагъдон проекттыл куыст…
Фембæлды архайджытæн уыд регионы разамонæгмæ сæ фарстытæ раттыны фадат. Уыдон баст уыдысты профессион ахуырад адарддæр кæнынимæ, куысты бынæттæ дæттынимæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн социалон æххуыс æмæ æндæр ахæм хъуыддæгтимæ. Алкæцы фарст æмæ курдиаты фæдыл дæр райстæуыд бæстон дзуаппытæ.
Ныхасы архайæг уыдысты, хæстæгдæр рæстæг æфсæддон-патриотон хъомылады центр «Авангард»-ы ахуыртæ кæмæн райдайдзысты, сæрмагонд æфсæддон операцийы уыцы архайджытæ дæр. Ацы æрыгон хæстонтæ та сæ ахуырты фæстæ кусын райдайдзысты скъолатæ æмæ æндæр ахуырадон кусæндæтты директорты æфсæддон-патриотон хъомылады фарстаты фæдыл хæдивджытæй.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














