РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй Хицауады хæдзары ацыд уæрæсейаг æхсæнад «Зонынад»-ы регионалон хайады цæстдарæн советы æмбырд. Архайдтой дзы Хицауады уæнгтæ, ахуырад æмæ наукон æхсæнады минæвæрттæ, организацийы федералон эксперттæ.
Республикæйы разамонæг фæбæрæг кæдта, æхсæнад «Зонынад» регионы цы ахуырадон æмæ хъомыладон проекттæ аразы, уыдонæн стыр нысани-уæг кæй ис, æмæ зæрдæ бавæрдта, дарддæры æмгуыстадмæ дæр цæттæ кæй стæм, уымæй.
– Æхсæнад «Зонынад» у Уæрæсейы егъаудæр рухстауæн организацитæй иу. Ис ын хъæздыг истори æмæ рухстауæн куысты традицитæ. Уый у фæсивæд æмæ нæ бæстæйы зындгонд адæмы ’хсæн æргом ныхасы сæйраг фæзуат, – загъта Сергей Меняйло.
Æмбырды уæвджытæн арфæ ракодта уæрæсейаг æхсæнад «Зонынад»-ы регионалон рæзты генералон директоры хæдивæг Георгий Будный.
– Ныридæгæн уал нæ куыст æрбамбырд кодта 50 милуан уæрæсейаджы. Уæдæ «Зонынад»-ы лектор уæвын кадджын кæй у, уыцы хъуыддаг дæр дызæрдыггаг нæу. Уыцы æнтыстдзинæдтæ нæ къухы бафтыдысты нæ зæрдиаг куыст æмæ регионалон минæвæртты фæрцы. Уымæн ирд æвдисæн у Цæгат Ирыстон. Фæстаг æртæ азы дæргъы регионалон хайады архайджыты нымæц фæфылдæр 13 мин адæймагæй 20 мин адæймаджы онг. Уый фæдыл мæ уæлдай зæрдиаг арфæ ракæнын фæнды
республикæйы Сæргъ-лæууæг Сергей Меняйлойæн. Фыццагдæр уый Цæгат Кавказы федералон зылды райста разамынд Уæрæсейаг æхсæнад «Зонынад»-ы цæстдарæн советæн, – фæбæрæг кодта Георгий Будный.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














