Нæ тых иудзинады ис

0
70

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн Ветеранты хæдзары уыдис бæрæгбон. Арæзт цыдис Иудзинады азы фæдыл.  

Уыдысты дзы: сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, афгайнаг
хæсты ветерантæ, хъæбатырты ныййарджытæ æмæ æрыгон фæсивæд. Мадзалы райдайæн уазджытæн РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министр, Уæрæсейы хъæбатыр Абайты Юрийы номæй зæрдиаг арфæтæ ракодта пъæлицæйы отставкæйы  инæлар-майор,  Ветеранты хæдзары директор Сихъоты Сослан. Уый йæ раныхасы фылдæр æргом аздæхта рæзгæ фæлтæрмæ. Радзырдта сын Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты æмæ абоны сæрмагонд операцийы хæстон цаутæн иу бындур кæй ис, æмæ кæддæры 1941-1945 азты нæ хистæртæ тугæй цы Уæлахиз балхæдтой, уыцы
хæстонты æхсæн иудзинад куы нæ уыдаид, уæд сæ къухы ахæм стыр сгуыхтдзинæдтæ дæр кæй  нæ бафтыдаид, уый тыххæй.

– Нæ бæстæйы адæмты  иудзинады азы ноджы фылдæр  кад кæндзыстæм нæ хъæбатыртæн, абон Украинæйы не ‘мзæххонты цард бахъахъхъæныныл та кæддæры знагимæ ногæй  чи тох кæны, уыцы хъæбатыр хæстонтæн. 23 февраль у нæ бæстæйы Æфсад æмæ Флоты     намысы кадджын æмæ нæ адæмы æнæбасæтгæ тыхы бæрæгбон. Уырны нæ, Уæлахиз нæхи кæй уыдзæн, фæлæ нæ хъæуы æнгом æмæ æмвæндæй архайын нæ бæстæйы фæрныгадыл. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дæр æмæ абоны сæрмагонд æфсæддон операцийы нæ хæстонтæ сæ къæбæр дих кæнынц украинаг адæмимæ, кæддæр Берлин советон салдæттæ куы бацахстой, уæд немыцаг сывæллæттæн æмæ сылгоймæгтæн, Сталины Указмæ гæсгæ къæбæр æмæ æхсыр лæвæрд куыд цыдис, афтæ. Уый у уæрæсейаг адæмы рæсугъд-
дæр миниуæг-гуманизм, – загъта Сихъойы-фырт.

Мадзалы раныхас кодта Уæрæсейы Хъæбатыр  Андрей Днепровскийы мад  Татьянæ  дæр:

– Нæ сывæллæттæ дзæгъæлы нæ фæмард сты алы хæстыты. Кæй зæгъын æй хъæуы,  никæцы хæрзиуæг æмæ стыр ном баивдзæн хъæбулы, фæлæ уыдон  нæ бæстæйы амондджын  фидæнæн снывонд кодтой сæ æрыгон удтæ, цæмæй абон сабыр дунейы цæрæм. Æз зæрдиаг арфæтæ кæнын Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырæй чи хæцы, уыцы уæрæсейаг хæстонтæн. Алчидæр дзы йæ
хæдзар сæрæгасæй куыд ссара, ахæм амонд сын Дунескæнæг балæвар кæнæд.

Иудзинады аз æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бæрæгбоны фæдыл нæ
республикæйы хихъæппæрисадон къордтæ уазджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой сæ аивадæй.

Саутæты Тамилæ  

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here