Æрвылбоны царды фарстатæ

0
46

РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд амыдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО, афтæмæй дзы ныхас цыд республикæйы экономикон æмæ социалон рæзтимæ баст фарстатыл. Архайдтой дзы министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районты администрациты сæрдартæ.

РЦИ-Аланийы Граждайнаг хъахъхъæнынад æмæ æнæнхъæлæджы цауты комитеты сæрдар Александр Хоружий йæ раныхасы фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.

– Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæры. Республикæйы хæххон районты дарддæр дæр тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. 16 февралæй 23 февралмæ хæхты сæхи æгъдауæй рацыд 3 зæйы. Афæдзы райдайæнæй нырмæ та сæ нымæц схæццæ 30 зæйы онг. Уыцы рæстæгмæ ма республикæйы æрцыд 24 зынгсирвæзты дæр. Иу адæймаг дзы хъыгдард баййæфта, æмæ йæ бахъуыд дохтырты æххуыс.

Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 83 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 14 адæймаджы. Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтыл ацæуыны бар ис автотранспорты æппæт хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл лæууы 1980 транзитон уæзласæн машинæйы, 1879 та – электронон рады. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуыр-
дзыстоны ’хсæн арæныл уæлдæр амынд рæстæгмæ дыууæрдæм ахызтысты 15910 автотранспортон иуæджы æмæ 80950 адæймаджы, – загъта Александр Хоружий.

Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 16 февралæй 23 февралмæ регионы æрцыд 209 фыдракæнды. Уыдонæй раргом кæнын бантыст 122. Æбæрæг фыдгæнджытæ бадзырдтой республикæйы ахуыргæнæндæттæм, рæмудзæн æрмæг дзы ис, зæгъгæ. Мидхъуыддæгты оргæнтæ æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æвæстиатæй цы хъæугæ мадзæлттæ сарæзтой, уыдонмæ гæсгæ хъусынгæнинæгтæ мæнг разындысты. Дарддæр цæуынц слестгæнæн
куыстытæ.

– ОРВИ æмæ гриппæй рынчынты нымæц зынгæ фæкъаддæр. Ивгъуыд
къуырийы дæргъы коронавирусон инфекци разынд фондз адæймагмæ, фондз адæймагмæ сбæрæг кодтой «гонконгаг» грипп, иу адæймагмæ та – грипп В. Рес-
публикæйы ахуырадон уагдæтты алы райсом дæр бæлвырд цæстдард цæуы сывæллæтты æнæниздзинадмæ. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы «Роспотребнадзор»-ы хайад.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ фехъусын кодта, спортивон-дзæбæхгæнæн комплекс «Клеверспорт» 5 мартъийы кæй байгом уыдзæн, уый.

Республикæйы разамонæг ын бафæдзæхста, цæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, цæф чи фæцис,  чи  дзы фæмард, уыдоны номыл æмбæлгæ фиддонтæ Уæрæсейы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ 3 боны æмгъуыдмæ лæвæрд куыд цæуой, уый.

Сергей Меняйло фæндон бахаста, цæмæй республикæмæ æрбацæуæнты уæлæмхасæн видеокамерæтæ сæвæрой. Уый фæахъаз уыдзæн нæ республикæмæ хæцæнгарз, хæстон æрмæг,  наркотиктæ æмæ контрафактон продукци ма æрбауадзынæн. Камерæтæм цæстдард цæудзæн йæ кусæн уатæй. Ноджы ма Сергей Меняйло бахаста уынаффæ, цæмæй барвæндон дружинæтæ арæзт æрцæуой æмæ мидхъуыддæгты оргæнтимæ иумæ рад хæссой.

Регионы разамонæг ма бæрнон ведомствæтæн бахæс кодта республикæйы артаг æвгæнæн станцæты сæрмагонд номхыгъд саразын, куысты бардæттæг документтæ сын сбæрæг кæнын æмæ бахæс кæнын сæ алфамбылайы фæлгонцадмæ базилын, стæй, хъалонтæ фидынц æви нæ, уый сбæрæг кæнын.

– Хъуамæ сæ алфамбылайы фæзуат оазисы хуызæн уа, – фæнысан кодта Сергей Меняйло.

Æмбырды ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here