Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты кадæн

0
50

Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты 23 февралы – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны æхсæнады минæвæрттæ архайдтой дзыллон номарæн мадзæлтты.

Фыдыбæстæйы сæраппонд йæ цард чи снывонд кодта, уыцы хъæбатырты номарæн мадзæлттæ Дзæуджыхъæуы уыцы бон райдыдтой Намысы мемориалæй.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, республикæйы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамонæг Милдзыхты Вячеслав æмæ æмбырды иннæ архайджытæ дидинджытæ сæвæрдтой номарæн Æнусон арты цур.

Фембæлды архайджытæ, иу минут æдзæмæй алæугæйæ, ссардтой, Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард чи нæ бавгъау кодта, уыцы хъæбатырты рухс нæмттæ…

Номарæн мадзалы архайæг уыдысты министрадтæ æмæ ведомствæты, бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, тыхы ведомствæты службæгæнджытæ æмæ дины иугæндты минæвæрттæ.

Æхсæнады минæвæрттæ уыцы бон дидинджытæ сæвæрдтой Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, æфсады инæлар Плиты Иссæ æмæ Советон Цæдисы Хъæбатыр Петр Барбашовы цыртдзæвæнтыл, горæты æндæр хæстон мемориалтыл…

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here