Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæгат Ирыстоны регионалон хайад æмæ РЦИ-Аланийы Профцæдисты федераци бафыстой æмгуыстады бадзырд.
Æмархайды бадзырдыл сæ къухтæ бавæрдтой партийы регионалон хайады нымæрдары хæдивæг Едзойты Марат æмæ Цæгат Ирыстоны Профцæдис-ты федерацийы сæрдар Касаты Таймураз.
Фæстæдæр Едзойты Марат куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фидаргонд документы фæрцы зынгæ фæуæрæхдæр уыдзæн «Иугонд Уæрæсе» æмæ Профцæдисты æппæтвæрсыг æмархайд.
«Махæн алкæддæр æнгом æмæ пайдайаг ахаст-дзинæдтæ уыд профессион цæдисты республикон иугондимæ. Нæ зæрдæ дарæм, регионы фæллойадон коллективтæ æмæ æндæр организациты минæвæрттæ «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæ хъомысджындæр кæныны хъуыддагмæ се ’вæрæн кæй бахæсдзысты, стæй йе ’ххæст кæныныл дæр немæ æмхъаруйæ кæй бакусдзысты, ууыл. Нæхицæн иумæйаг нысаныл нымайæм республикæйы адæмы царды уавæрты фæрныгадыл кусын, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуыс кæнын, цыбыркъух адæмыл аудын, æмткæй райсгæйæ та, регионы дарддæры райрæзтæн аккаг фадæттæ аразын», – загъта Едзойы-фырт.
Уыцы хъуыдыимæ разы у Касаты Таймураз дæр.
«Фидаргонд гæххæттæн ахсджиаг нысаниуæг ис. Уый фæрцы бæстондæр хыгъд цæудзысты профессион цæдисты фæндæттæ æмæ фæллойгæнджыты бартæ. Уыцы æууæлтæ хынцгæйæ, бадзырды уагæвæрды сæ бынат ссардтой фæллойы базары нывылады, куысты мызды, алфамбылайы экологон æдасдзинад æмæ æндæр ахæм ахсджиаг фарстатæ», – бафиппайдта Касайы-фырт.
САНАТЫ Альбинæ














