Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Аланы указтæй фидаргонд æрцыд республикæйы ног Хицауады уæнгты номхыгъд.
Зындгонд куыд у, афтæмæй дыууæ къуырийы размæ республикæйы Парламент разыйы дзуапп радта Президентæн, цæмæй Хицауады Сæрдарæй нысангонд æрцæуа Тадтаты Дзамболат (ныронг уыд республикæйы премьер-министры хæдивæг).
Ныр та Президенты уынаффæйæ фидаргонд æрцыд Хицауады ног сконд.
Хицауады Сæрдары хæдивæджы – экономикон рæзты министры бынатмæ нысангонд æрцыд Хъотайты Сæрмæт.
Юстицийы министр – Джиоты Алан, хъахъхъæнынады министр – Юрий Яровицкий, мидхъуыддæгты министр – Мамиаты Эрислав, граждайнаг хъахъхъæнынады, æнæнхъæлæджы уавæртæ æмæ æрдзон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министр – Гасситы Ибрагим, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр – Джиоты Æхсар, арæзтады, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр – Цоциты Зауыр, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр – Наниты Сослан, культурæйы министр – Мамиаты Григори, хъæууон хæдзарады министр – Мамытты Вахтанг, ахуырад æмæ наукæйы министр – Плиты Риммæ æмæ фæллойы министр – Гаглойты Олег.
Нæ уацхæссæг














