Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин Паддзахадон Думæйы цы дзуаппон раныхас скодта, уым бафиппайдта, министрты федералон кабинет æмæ политикон парти «Иугонд Уæрæсе» æмхуызон нысантæм кæй тырнынц – адæмы царды хъæрзхъæддзинад, бæстæйы размæцыд сты сæ сæйраг нысантæ.
«Фæнды мæ Дмитрий Медведевæн (партийы сæрдар) бузныг зæгъын, адæмон программæ рæгъмæ кæй рахаста, уый фæдыл. Фракцийы уæнгтæ дæр Хицауады хъæппæристы фарс рахæцынц. Паддзахадон Думæйы фракцитимæ кусæм, уыдонимæ – «Иугонд Уæрæсе» дæр, афтæмæй, æмæ æмхуызонæй æрбалæууынц адæмон программæйы нысантæ æххæст кæнынмæ. Æппæт уыцы курдиæттæ æрбарвитынц нæ бæстæйы цæрджытæ. Цы фæрæзты фæрцы æххæстгонд цæуы, уымæй йæ финансон бындуртыл æфты, бæстæйы Президент уыдæттæм къæрцхъус у», – загъта Уæрæсейы Хицауады Сæрдар.
Михаил Мишустин ранымадта граждæнты алы къордтæн социалон æх-
хуысы мадзæлттæ. Сæ фылдæр нымад æрцыдысты партийы адæмон программæйы, ис сын закъонадон бындуртæ дæр. Ныллæг æфтиæгтимæ бинонтæ исынц иухаттон пособи, дыккаг æмæ уый фæстæ райгуырæг сабитæн дæр ис комкоммæ æххуысы фæрæзтæ. Ныййарæджы капитал, социалон пособитæ индексацигонд цæуынц, «Ныййарæг-хъæбатыр»-ы номхæссæг сылгоймæгтæн ис уæлæмхасæн бартæ æмæ уæлбартæ.
Уæрæсейы Президент куыд бахæс кодта, афтæмæй ацы азы январæй зынгæ фæфылдæр, хъалонтæ æмæ фæдзæхстадон фидддонтæ æвæрд кæуыл нæ цæуынц, уыдон, афтæмæй куыстдæттæг ныййарæгæн кæй бафиддзæн уыцы 50 мин сомæй 1 милуан сомы онг. Кусгæ чи кæны, дыууæ сывæллоны æмæ фылдæр кæмæн ис, се ‘фтиæгтæ фæцæрыны регионалон æппынкъаддæры бæрцæй 1,5 хатты къаддæр кæмæн у, уыцы ныййарджытæн фæзындзæн бинонты æрвылазон æххуыс.
Михаил Мишустин куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уал ныридæгæн бацæттæ кодтой æппæт хъæугæ документтæ, хъуамæ уыцы фæрæзтæй спайда кæной 4 милуан бинонтæ. Курдиæттæ исын райдайдзысты ацы аз июны мæйы. Уæдæ «Иугонд Уæрæсе»-йы руаджы фæллойы æппынкъаддæры мызд схæццæ 27 мин соммæ, уый фæбæрæг бæстæйы 4,5 милуан адæймагыл. Фæдзæхстадон пенситæ индексацигонд æрцæудзысты инфляцийы 9,5 процентмæ гæсгæ, кусæг пенсиисджытæн дæр се пенситæ индексаци бавзардзысты.
Уæрæсейы ныридæгæн сфидар Хъæбатыртæн, сæ бинонтæн æххуысы æххæстгонд хуыз. Ацы къабазы «Иугонд Уæрæсе»-йы руаджы сфидар кодтой 150 закъоны. Дохтырты къамис ацæуын æмæ уырдыгæй сыздæхынæн хæрдзтæн хæстонтæ исдзысты æхцайы æххуыс. Цалынмæ службæйы сты, уæдмæ сæ куысты бынæттæ хъахъхъæд цæуынц. Фадæттæ арæзт цæуынц, цæмæй хæстонтæн сабыр царды фæзыной ног куысты бынæттæ.
Уæрæсейы Хицауады Сæрдар æрхаста æндæр хатдзæгтæ дæр: фæзынд 80 ног скъолайы, сæ фылдæр – хъæууон бынæтты. Бындурон цалцæг æмæ арæзтады проект царды уадзынц бæстæйы Рухсады министрадимæ. Æхсæнадон фæзуæттæй фарон 7,5 мин бынатмæ базылдысты, «Горæтаг фадатджын алфамбылай аразыны» программæйыл схъæлæс кæныныл куыст цæуы Арæзтады федералон министрадимæ.
Паддзахадон Думæйы депутаттæ сæ хъуыдытæ, хатдзæгтæ загътой Михаил Мишустины дзуаппон раныхасы фæдыл, рæгъмæ рахастой сæ фæндæттæ æмæ фиппаинæгтæ.
«Иугонд Уæрæсе»-йы пресс-службæ














