Æхца – Къостайы нывимæ

0
18

Зындгонд ирон поэт æмæ нывгæнæг Хетæгкаты Къостайы ныв кæуыл ис, ахæм гæххæттын æхца æрæвæрдтой Германы сæйраг горæт Берлины ацæуæг дунеон равдыст World Money Fair-ы.

Фынддæс мин адæйма-джы бæрц кæдæм æрбацыдысты, уыцы равдысты фенæн уыд дунейы фæндзай бæстæйæ æрвыст 300 экспонатæй фылдæр.

20-22 мартъийы Сингапуры чи цæудзæн, иннæ хатт Хуссар Ирыстоны уагъд
номарæн гæххæттын æхца фенæн уыдзæн уыцы дунеон равдыст International Coin Fair-ы.

Фиппаинаг: Хуссар Ирыстоны Национ банчы уагъд фыццаг номарæн гæххæттын æхца адæмæн равдыстой фарон 19 сентябры Цхинвалы. 100-зæринон гæххæттын æхца рауагътой 20 мин экземплярæй. Æхцайы раззаг фарсыл ис Хетæгкаты Къостайы, йæ чъылдым фарсыл та – раззагазиаг фыранк æмæ Бурхохы цъуппы нывтæ.

Ирыстоны зындгонд адæймæгты кадæн дыккаг гæххæттын æхца кæй рауадздзысты, амæй размæ Хуссар Ирыстоны Национ банк ахæм хабар фехъусын кодта. Ацы æхцайыл уыдзæн Абайты Васойы ныв.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here