РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО цы кусæг æмбырд сарæзта, уым ныхас цыд 2026 азмæ донивылдтытæ æмæ зынгсирвæзтыты ныхмæ гæрæнтæ саразыны мадзæлттыл.
Донивылдтытæ ма ’руадзыны тыххæй республикæйы бындуронæй цалцæггонд цæуынц цæугæдæтты былгæрæттæ, донвæдтæ сыгъдæггонд цæуынц дуртæ æмæ алыхуызон быронæй. Æппæт уыцы куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй доклад скодта Цæгат Ирыстоны æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Бæззаты Вадим.
Фарон Хъарман-Сындзыхъæумæ хæстæг специалисттæ ссыгъдæг кодтой цæугæдон Урсдоны донвæд æмæ Нарты хъæумæ ’ввахс Фыййагдоны донвæд. Æдæппæтæй ссыгъдæг кæнын сæ къухы бафтыд донвæдты 8,5 километры. Ацы аз ма фæнд кæнынц цæугæдæтты 8,5 километры ссыгъдæг кæнын.
Бæззаты Вадим куыд фæбæрæг кодта, уымæ гæсгæ Дзуарыхъæумæ ’ввахс фидаргонд цæуынц Фыййагдоны былгæрæттæ, сæ дæргъ – 4,1 километры. Беслæны кæронмæ фæхæццæ кæнынц бындурон цалцæггæнæн куыстытæ, фидаргонд цæуынц Терчы доны рахизфарсы былгæрæттæ. 2026 азы бындурон цалцæг æр-цæудзæн Бехъаны цады донуромæн.
Сергей Меняйло бафиппайдта, цæугæдæтты сæрты цы хидтæ ис, уыдоны бынтæ ссыгъдæг кæнын дæр ахсджиаг хъуыддаг кæй у, уый æмæ профилон ведомствæйæн бафæдзæхста, районты администрацитимæ цыбыр рæстæгмæ æппæт хъæугæ куыстытæ баххæст кæнын. Уыимæ, уæлдай æргом аздахын Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы районмæ.
– Ацы куыстыты хай нæ бон у баххæст кæнын хи хъарутæй, ома, æнæ подрядон организациты æххуысæй. Уый фæрцы фæстауæрц цæуынц бюджетон фæрæзтæ. Цалынмæ ма нын рæстæг ис, уæдмæ ссыгъдæг кæнын хъæуы цæугæдæтты донвæдтæ, хидты бынтæ, айсын бæлæсты къалиутæ, доны цыд къуылымпы чи кæны, уыдон. Уыцы фарстатæ баст сты цæрджыты æдасдзинадимæ, – фæнысан кодта Сергей Меняйло.
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы сæйраг сахары Терчы донвæд æмæ хидты бынтæ сыгъдæггонд æрцæудзысты дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ.
11 æмæ 12 мартъийы Цæгат Ирыстоны зынгсирвæзтытæ æмæ донивылдтыты ныхмæ егъау командон ахуыртæ кæй ацæудзысты, уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты минис-
трады сæйраг управленийы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Николай Иванов.
Уæлдай æргом ма æмбырды аздæхтой республикæйы хъæдты зынгсирвæзтытæ ма ’руадзыны мадзæлттæм дæр.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














