Уæрæсейы йæ иуæндæсæм хатт сбæрæг кодтой 27-æм февралы. Ацы къорд ис Хъахъхъæнынады министрады бæрны, сæрмагонд операцийы тыхты къорд йæ равзæрдæй абонмæ тох кæны терроризмы ныхмæ. «Уæздан адæймæгтæ» сæ хуымæтæджы нæ хонынц, службæ та дзы кæнынц бæрзонд цæттæдзинадимæ хотыхджын специалисттæ.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, терроризмимæ тохы, сæрмагонд æфсæддон операцийы хъайтарты номыл Джызæлы скъола-интернаты уыд сæ архайджытимæ изæр- фембæлд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты ном арынæн». Номарæн мадзалмæ æрбахуыдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Баграт Габриелян æмæ Цæцæны хæсты
хъæбатыр Андрей Днепровскийы ныййарæг Татьяна Рубены чызджы. Плиты Иссæ, Цæголты Ким, Андрей Днепровский, Тыбылты Марат- ацы æфсæддонты кой чи нæ фе-
хъуыста, Ирыстоны ахæм адæймаг нæ разындзæн. Фембæлды архайджытæн бæстон радзырдтой сæ цардвæндаджы, стæй хæстон бонты тыххæй.
Джызæлæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынмæ бирæтæ ацыдысты националистты ныхмæ хæцынмæ, цалдæрæй дзы ‘гас хæдзар нал ссардтой… Сæ номыл мадзал саразджытæ бацæттæ кодтой видеоæрмæг, æмæ йæм изæры архай-
джытæ стыр цымыдисæй бакастысты. Историон равæрды – азты цыды
ирыстойнаг хæстонты лæгдзинад æмæ намысы ирд сыфтæ. Йæ сидты Баграт Габриелян скъола-интернаты æрыгон фæлтæры минæвæрттæн бафæ-
дзæхста Райгуырæн зæхх уарзын, цæмæй нæ цард, йæ уавæртæ банывыл кæныныл архайой.
Ахæм фембæлдтытæ фæсивæдæн æххуыс сты, намыс, Фыдыбæстæйы размæ хæс æмæ йæм уарзондзинад ‘взæрын кæнын. Не ‘хсæнады ахæм æмбарынæдтæ рæстæджы домæн сты, уый нæй, уæд ныхилæг фынæй нæ кæны. Ахсджиаг ма уый дæр у, æмæ кæй иу кæнынц хистæрты кæстæр фæлтæримæ, фидар кæнынц адæймаджы бæрнондзинад паддзахады фидæны раз, стæй хъайтарты зæрдыл дарынæн сты æххуыс.
Изæры уазджытæ раарфæ кодтой йæ саразджытæ Бæрæзгаты Мирæ, Дадианаты Неля, Джелыты Альбинæ, Агънаты Реганæйæн, йæ арæхстдзинадæй сын сæ зæрдæтæ чи барухс кодта, ахуыргæнæндоны хихъæппæрисадон уыцы къордты ар-
хайджытæн. Патриотон хъомылад бæрзонд æмвæзадыл æвæрд кæй у интернаты, уый дæр уазджытæ æнæбафиппайгæ нæ фесты. Изæры кæронбæттæн фембæлд саразджытæн йæ арфæйы ныхæстæ загъта скъола-интернаты директор Пухаты Ла-
рисæ.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














