Кæстæр хистæры фæндиаг уæд

0
93

Йæ Райгуырæн зæххыл æнувыд чи у, йæ уидаг чи зоны, йæ фыдæлты рох чи нæ кæны æмæ сын сæ кад, се ’гъдæуттæ дарддæр чи хæссы, ахæмæй зонынц бæтæхъойыхъæуккаг Хъараты Батрадзы. Хъæубæсты, мыггаджы фæзминаг хистæр абоны цардæй ницæмæй хъаст кæны, буц æмæ рæвдыд у йæ кæстæртæй. Уæздан, цæстуарзон адæймаджы агурынц æгъдауы фæдыл, æмæ Батрадз йæхæдæг дæр стыр аргъ кæны адæмæн.

Ивгъуыд рæстæг арæх æрымысы… Ацы хъæубæсты рыг фæндæгтыл акодта йæ фыццаг къахдзæфтæ. Скъолайы фæстæ каст фæцис Дзæуджыхъæуы 2-æм профтехучилищæ, райста дзы хъæдыкуыстгæнæджы дæсныйад. Фæстæдæр та сахуыр кодта зоотехникыл. Фондз азы хъазуатонæй бакуыста бынæттон колхозы фосы фермæйы.

– Мæ ныййарджытæ Хаджумар (Бæба йæ хуыдтой), мæ мад Хуыбаты Женя иу бон дæр
æгуыст никуы уыдысты, æмæ мах дæр, æртæ лæппуйы, фæллойыл бафтыдтой. Бинонтæй цæуынц æгъдау, æфсарм, куыстуарзондзинад.

Нæ колхоз уыд раззагдæрты æмрæнхъ, йæ хъуыддæгтæ цыдысты хорз, фысвос, хъомты фермæ, дуцгæ хъуццытæ бирæ. Сæйрагдæр та дзы адæмæн уыд куысты бынæттæ. Иуахæмы хæрзмыггаг фос сластам, сарæзтам ног комплекс, æхсырдуцæн кусæнгæрзтæй – ифтонг. Адæм ерысæй куыстой. Алы бон æртыгай тоннæтæ æрвыстам Беслæны æхсыры заводмæ. Хъыгагæн, рацарæзты рæстæг цард иннæрдæм афæлдæхт, уыцы рæстæг æрмæст нæ мысинæгты баззад, – зæгъы Батрадз.

Уæд дæр æмæ абон дæр Хъарайы-фырт куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы йæ алыварс дунемæ, иннæ хистæртимæ кæнынц алывæрсыг куыст.

– Сæрыстыр стæм нæ хъæубæсты рæсугъд æгъдæуттæй, рæстæг цæуы, ивынц царды домæнтæ дæр. Æмдыхæй, æмзондæй нæ уарзон хъæуы рæсугъд фидæныл архай-
дзыстæм. Фæлæ уæлдæр хицауад хъуамæ нæ фарсмæ æрбалæууой. Рæбыны хъæутæ – Бæтæхъойыхъæу, Заманхъул, Емаус æмæ Цæлыкк зын уавæры сты. Куыстхъом фæсивæд цæуынц æндæр рæттæм, бинонтæ скæнынмæ сæ ныфс нæ хæссынц, афтæмæй хъæу мæгуыр кæны, нæ рæзы. Иннæ хъæутæй уæлдай, Зæронд Бæтæхъойы дур дурыл æвæрд никуы æрцыд клуб саразынæн. Хъуыды кæнын, колхозы правленийы дуармæ урс хæцъилыл кинотæ куыд æвдыстой, фæстæдæр та Плиты Иссæйы хæдзары клуб байгом кодтой, стæй та – «Грознефт»-ы куыстуаты раздæры хæрæндоны, æмæ уый дæр 90-æм азты хæлд æрцыдис. Республикæйы раздæры сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ фембæлды рæстæг бæргæ фæныфсджын стæм, фæлæ уавæртæ аивтой. Дзæуджыхъæуæй не ’хсæн ис 50 километры. Хъæумæ æрбацæуæнтæ – дыу-
уæ километры бæрц саразын хъæуы фæндаг.

Раппæлинаг хъуыддæгтæ дæр нæм куыд нæ ис. Нæ рæвдауæндонмæ, не скъоламæ бирæтæ бахæлæг кæнынц, ис нæм хорз амбулатори дæр, уæдæ нуазыны дон дæр – парахатæй. Нæ посты хайад бонцухæй кусын райдыдта.

Мæхи куы зонын, уæдæй кæсын «Рæстдзинад». Мæ фыд дæр афтæ æнувыд уыд ирон газетыл, дзул нæ балхæдтаид, фæлæ-иу рафыста газеттæ. Æрвылаз цыфæнды аргъæй дæр рафыссын районы газет, стæй журнал «Мах дуг» дæр, – зæгъы Батрадз.

Хъарайы-фырты хъуыдымæ гæсгæ, алы ирон бинонтæ дæр хъуамæ сæ хæсыл нымайой сæ кæстæрты иронау дзурын ахуыр кæныныл, æнæмæнг хъуамæ уа фæлварæн ирон æвзагæй, стæй, бæрнон бынатмæ чи цæуы, уый зона, уарза æмæ аргъ кæна мадæлон æвзагæн.

Батрадз æмæ йæ цардæмбал Дзгъойты Ларисæ схъомыл кодтой æртæ хъæбулы. Тимур, Фатимæ æмæ Чермен сæ ныййарджыты фарн бæрзонд хæссынц. Хистæрты цинæн кæрон нал вæййы, сæ хъæбулы хъæбултæ æхсæзæй сæ алыварс куы амбырд вæййынц, уæд. Буц æмæ рæвдыд сты Батрадз æмæ Ларисæ. Уæлдай лæггад сын кæны чындз Бæззаты Зæлинæ. Бирæтæ бахæлæг кæнынц, бакувынц, мах дæр Хъараты чындзы хуызæн куы фæуаид, зæгъгæ.

– Алы чызг дæр æгъдау, æфсарм йæ ныййарджытæй рахæссы. 16 азы размæ æрбакъахдзæф кодтон мæ ног бинонтæм, æмæ кæрæдзийы æмбаргæйæ цæрæм. Бауарзтон ацы хъæубæстæ, йæ адæмы. Хорздзинадæн бирæ нæ хъæуы – уынгмæ рахизгæйæ, дæ сыхагыл бацин кæн, хорз цæстæнгасæй йын «дæ райсом хорз» зæгъ. Афтæ хъомыл кæнæм нæ кæстæртæ – Георги æмæ Артуры дæр , – загъта нын Зæлинæ.

Уыцы рæстæг скъолайæ æрыздæхт фарæстæмкъласон Георги æмæ сын иумæ зæрдылдарынæн сæ къам систам.

 

Гугкаты Жаннæ, къам систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here