Цæстфæливæджы хъуыддаг – тæрхондонмæ

0
62

Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы прокуратурæ зылынгæнæн хатдзæг сфидар кодта, республикæйы 38-аздзыд цæрæг нæлгоймаджы ныхмæ цы уголовон хъуыддаг сарæзтæуыд, уый фæдыл.

Гуырысхойаджы зылын кæнынц Уæрæсейы Уголовон кодексы 159-æм статьяйы 4-æм хайы («Адæймагыл сайдæй рацæугæйæ, стыр бæрцытæй исбонад адавын») бындурыл.

Слестгæнджытæ куыд раиртæстой, афтæмæй гуырысхойаг адæмæн зæрдæтæ æвæрдта алыхуызон лæггæдтæй (фæлæ йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд йæ ныхас сæххæст кæнын). Ахæм æнæзакъон архайды фæрцы фыдгæнæджы ахæсты бахаудыс-
ты 43 адæймаджы.

Цæстфæливæг йæ митæй адæмæн ракодта стыр финансон зиантæ. Уыимæ, слестгæнæн мадзæлттæ цалынмæ цыдысты, уæдмæ гуырысхойаг уыцы æхцайы зианты иу хай сæхгæныныл бацархайдта.

Ныр уголовон хъуыддаг прокуратурæйы хатдзæгимæ æрвыст æрцыд
Дзæуджыхъæуы Ленины районы тæрхондонмæ. Зæгъын хъæуы, ахæм
фыдракæнды тыххæй аххосджынæн ахæстоны 10 азы онг фæбадыны тæрхон рахæссæн кæй ис, уый тыххæй дæр.

 

РЦИ-Аланийы
Прокуратурæйы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here