ТАБОЛТЫ Сергей дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды радон сесси. Муниципалон депутаттæ æркастысты горæты æрвылбоны царды ахсджиаг фарстатæм.
2025 азы куысты бæрæггæнæнты тыххæй æмбырды дзуаппон докладимæ раныхас кодта Дзæуджыхъæуы мидхъуыддæгты управленийы хицау Михаил Макаренко.
Управленийы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, 2025 азы æппæт регистрацигонд фыдракæндты нымæц, 2024 азимæ абаргæйæ, рауад 19 проценты къаддæр. Пъæлицæйы кусджытæ раргом кодтой лæг амарыны, гæрзифтонгæй балæбурын æмæ исбонад байсыны, стæй æндæр ахæм уæззау фыдракæндтимæ баст æппæт цаутæ дæр. Æмткæй райсгæйæ та, ивгъуыд азы æрцæуæг æппæт фыдракæндтæн æргомгонд æрцыд сæ 56 проценты бæрц. Уыимæ, слестгæнджыты къухы бафтыд раздæры азты арæзт 150 фыдракæнды раргом кæнын.
Михаил Макаренко куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фæстаг 5 азы дæргъы фыццаг хатт къаддæр бæрæггонд æрцыд, цæстфæливджытæ интернеты фæрæзтæ æмæ æндæр кибер-технологитæй кæм спайда кæнынц, ахæм фыдракæндтæ (сæ иумæйаг бæрц – 32 проценты къаддæр). Фæлæ ахæм фыдракæндтæ раргом кæныны къæпхæн нырма у ныллæг – æрмæстдæр 10 проценты бæрц. Коррупцион фæзындтытимæ баст фыдракæндты нымæцыл бафтыд 133 проценты, экономикон-финансон æгъдаухæлдтытимæ баст цаутæ – 116 проценты фылдæр. Наркотикты æнæзакъон зилдухимæ баст фыдракæндтæ раргом кæныны къæпхæн фæбæрзонддæр æмæ схæццæ 87 процентмæ.
Мидхъуыддæгты управленийы хицау йæ доклады æрхаста æндæр нымæцтæ дæр, стæй фæбæрæг кодта пъæлицæйы дарддæры куысты фыццаградон нысантæ.
Депутаттæ æркастысты 2026 азæн горæты бюджеты уагæвæрдтæ æххæст кæныны фæткмæ, муниципалон исбонады приватизацийы программæйы бæрæггæнæнтæм (ивгъуыд азы уæйгонд æрцыд 8 объекты 6,9 милуан сомы аргъæй), бынæттон администрацийы транспорты управлени сæхгæнын (бæлццæттæласæн куысты æххæстбартæ ныр республикон ведомствæты бæрны кæй сты, уы-
имæ бастæй) æмæ æндæр фарстатæм.
Æмбырды архайдта æмæ раныхас кодта Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав.
Дмитрий АСТАХОВ














