Ныййарæг мад! Нæ царддæттæг, йæ бындур

0
41

Ныййарæг мад! Нæ царддæттæг, йæ бындур. Дæуæй цæуы зæххон адæмы фарн. Дæуыл барæм фыдыбæстæ, фыдызæхх, ды царддæттæг, ды хъомылгæнæг, ахуыргæнæг æмæ ныфсдæттæг! Нæ ахуыргæндтæ, карз тохы хæстонтæ дæ фæрцы свæййынц номдзыдтæ, хъайтартæ. Дæ хъарм хъæбысы райхæлы сæ уарзт, сфидар вæййынц, цардхъомæй фæндагыл дæ фæрцы цæуынц рухстаугæ нысанмæ!

Ныййарæг мад! Æрмæст дæуæй сыгъдæг æцæг уарзт гуыры. Дæ фæндиагæй уаид дун-дуне сабыр. Дæ бæллицтæ сты баст æдзух кæстæртыл, æрмæст ныййарæг ратдзæн йæ цард дунейы хорзæхы сæраппонд, æрмæст ныййарæг фидæныл кæны хъуыды. Табу кæниккой хъуамæ дзыллæтæ дæуæн, хæссиккой дын дæ ном фæлтæрæй-фæлтæрмæ сыгъдæгæй, æмæ йæ хъуамæ арвы ‘мбæрц намысимæ сисой, фæстагæттæм æй адæттой æд намыс æмæ кад. Ныллæг дын кувæм мах нæ сæрæй, фæцæр уæнгрог æмæ зæрдæрухсæй нæ ныййарæг, нæ Мад.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here