Зынаргъ сылгоймæгтæ!

0
45

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын тæккæ зæрдæскъæфдæр бæрæгбон – Сылгоймæгты дунеон бон 8 Мартъийы фæдыл!

Нæ нанатæ, мадæлтæ, хотæ, чызджытæ, æмкусджытæ! Уæ уæхсчытыл æнцайы бæрнондзинады уæз фидæны фæлтæрты хъомылад, хъæлдзæгдзинад, бинонты фарн æмæ амонд бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Æмæ уыцы хæстæ æнтыстджынæй æххæст кæнут, уæ цард рæсугъддæр кæнгæйæ, уæ зæрдæйы хъармæй йæ тавгæйæ, уæ куыстхъомдзинад, зонд æмæ узæлдæй дисы æфтаугæйæ.

Æнæ сымах нæ республикæ æмæ бæстæйы рæзт цæстытыл зын ауайынгæнæн у. Цыфæнды хъуыддаджы дæр уæ къухы æфты æнтыстдзинæдтæ – хъæууон хæдзарад уа, экономикæ, политикæ æмæ ахуырад, медицинæ æмæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын дæр. Сымах стут, быхсон уæвгæйæ, хиуæттæн ныфсы хос, разæнгард сæ кæнут царды зын уавæрты.

Хицæн арфæйы ныхæстæ мæ зæгъын фæнды, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн кæй æххуыс кæнут, уый тыххæй.

Бузныг уын, салдæтты, бархионты, афицерты, сиддонты зынаргъ мадæлтæ, цардæмбæлттæ, хотæ. Сымах стут ныфсæнцой, ныртæккæ Уæрæсейы
фидæныл чи тох кæны, уыдонæн. Сымахимæ иумæ æууæндæм, тагъд нæм уæлахизимæ кæй сыздæхдзысты, ууыл.

Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ! Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй æдзухдæр æнкъарат, кæмæндæр уарзон æмæ хъæугæ кæй стут, уый. Уæ зæрдæ рухс кæнæд уæ хиуæттæ æмæ хæлæрттæй, уæ бæллицтæ сæххæст уæнт! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Сергей Меняйло, Республикæ Цæгат Ирыстон-
Аланийы Сæргълæууæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here