РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæгæй ног æмгъуыдмæ снысан кодтой Быдтаты Сергейы. Ацы бæрнон бынаты арæзтадон къабазы райрæзты фарстатыл кусдзæн 2029 азы онг. Ахæм уынаффæ рахастой нæ республикæйы Хицауады радон æмбырды. Амыдта йæ йæ Сæрдар Дзанайты Барис.
Министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ æрдзырдтой боны фæткы фарстатыл. Уыдон иууылдæр баст сты нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтимæ, цæрджыты удæнцойдзинадимæ.
Лæвар медицинон æххуысы территорион программæты паддзахадон зæрдæдарæнты тыххæй РЦИ-Аланийы Хицауады уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй ацы æмæ хæстæгдæр дыууæ азмæ дзырдта æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Митциты Астан.
Ныр цалдæр азы нæ республикæйы кусы паддзахадон программæ «Нырыккон горæты хæрзвадæттæ». Ныридæгæн уал ацы куыстытыл схардз кодтой дыууæ миллиард сомы бæрц, 2026 азы цы æхсæнадон фæзуæттæ саив кæндзысты, уыдонæн радих кодтой 185 милуан сомы.
РЦИ-Аланийы паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан йæ раныхасы фæбæрæг кодта, паддзахадон исбонады объекттæй цалдæр хаст кæй æрцыдысты Дзæуджыхъæуы муниципалон исбонмæ. Уыдонимæ – фатертæ сидзæр сывæллæттæн, спортивон-физкультурон объект æмæ æндæртæ.
– Социалон нысаниуæг кæмæн ис, 600 ахæм æнæкоммерцион куыстуаты бацæттæ кодтой 130 проекты. Уыдонæн сæ архайдæй æххуыс цæуы фæкæсинаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, – фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.
РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Мæхъиты Людмилæ фехъусын кодта, хæстæгдæр рæстæг нæ республикæмæ кæй ссæудзысты 400-500 скъоладзауы алы регионтæй – Æппæтуæрæсеон олимпиадæйы архайынмæ. Сæ зонындзинæдтæ æвдисдзысты литературæйæ. Дзанайты Барис бафæдзæхста уазджытыл зæрдиагæй сæмбæлын, æдасдзинады фарстатæ сæххæст кæнын, нæ республикæйы рæсугъддзинæдтимæ сæ базонгæ кæнын.
Хъарм рæстæг ралæууыд, æмæ зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныны мадзæлттæ та уыдзысты ахсджиаг. Æппæты тæссагдæр кæцы цæрæн бынæттæн уыдзæн æрдзон зынгсирвæзтытæй, уыдоны номхыгъд сфидар кæныныл дзырдта РЦИ-Аланийы Граждайнаг хъахъхъæнынад æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты комитеты сæрдар Александр Хоружий. Уыцы номхыгъдмæ хауынц сывæллæтты фæлладуагъд æмæ дзæбæхкæныны организацитæ, стæй цæхæрадæтты æмбаладтæ дæр.
Æмбырды ма ныхас кодтой æндæр ахсджиаг фарстатыл.
Цæгæраты Жаннæ,
къам систа Татьяна Шеходанова














