РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд амыдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Архайдтой дзы министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районты хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджытæ. Ныхас кодтой республикæйы социалон рæзты ахсджиаг фарстатыл.
Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег йæ доклады фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.
– Цæгат Ирыстоны сæрмагонд службæтæ архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæры. Республикæйы хæххон районты дарддæр дæр тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Ивгъуыд къуырийы дæргъы зæйрацыдтытæ бæрæггонд не ’рцыд. Афæдзы райдайæнæй нырмæ республикæйы сæхи æгъдауæй рацыд 31 митзæйы. 2 мартъийæ 9 мартъимæ республикæйы æрцыд 10 зынгсирвæзты. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 103 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 31 адæймаджы, æмæ сæ æвæстиатæй рынчындонмæ аластой. Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ гом сты автотранспорты æппæт хуызтæн дæр.
Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 2154 транзитон уæзласæн машинæйы, электронон рады та – 1950. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыстоны арæныл уæлдæр амынд рæстæгмæ дыууæрдæм ахызтысты 12920 автотранспортон иуæджы æмæ 27600 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.
Республикæйы «Водоканал»-ы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, доны бæрц бæрæг кæнынæн æвæрд æрцыд 2821 нымайæны. Уыимæ, доннымайæнтæ фыццагдæр æвæрд æрцыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ фæкæсынхъуаг бинонты хæдзæртты.
Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 2 мартъийæ 9 мартъимæ регионы æрцыд 163 фыдракæнды, раргом кæнын дзы бантыст 93. Æбæрæг фыдгæнджытæ бадзырдтой ахуырадон уагдæттæм, рæмудзæн æрмæг дзы ис, зæгъгæ. Мидхъуыддæгты оргæнтæ æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æвæстиатæй сарæзтой æппæт хъæугæ мадзæлттæ æмæ сбæрæг кодтой, хъусынгæнинæгтæ мæнг кæй уыдысты, уый. Дарддæр цæуынц слестгæнæн куыстытæ.
– Ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы эпидемиологон уавæр у нывыл. Ног коронавирусон инфекци разынд 4 адæймагмæ, – уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы «Роспотребнадзор»-ы хайад.
РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд загъта, афтæмæй республикæйы грипп æмæ ОРВИ-йы аххосæй æхгæд æрцыдысты цыппар рæвдауæндоны. Министры ныхасмæ гæсгæ, рæвдауæндæтты рынчын сывæллæтты нымæц у 12, скъолаты та – 10 проценты. Уыимæ ма, фехъусын кодта, 10 мартъийы йæ тыхы кæй бацæудзæн чемпионат «Мастерята Алании»-йы æвзарæн къæпхæн. 10 фæзуатыл йæ архайджытæ ерыс кæндзысты æмæ сæ зонындзинæдтæ равдис-
дзысты 14 дæсныйадæй. Чемпионаты сæйраг хæс у, кусæг дæсныйæдты кад фæбæрзонддæр кæнын æмæ рæзгæ фæлтæрæн баххуыс кæнын фидæны дæсныйад равзарыны хъуыддаджы.
Республикæйы Сæргълæууæг бахæс кодта конкурсы архайынæн фылдæр фадæттæ саразын. Ноджы ма ацы хъуыддагмæ фæсивæдон чемпионаты архайæг уæлахиздзау-студентты æргом раздахын æмæ сæ бахæссын экспертон-разамонæг къордтæм.
Сергей Меняйло Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæн бахæс кодта, нæ республикæйы ма цал фелсырон-акушерон пункты хъæуы саразын, æмæ дзы цавæр медицинон ифтонггарз нæ фаг кæны, уый сбæлвырд кæнын.
Æмбырды Сергей Меняйло республикæйы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадæн æмæ Фæндаггон хæдзарады комитеты сæрдар
Солиты Тариэлæн бахæс кодта федералон фæндæгты уавæрмæ лæмбынæгдæр æркæсын.
– Кæд ма мит æруары, уæддæр уалдзæг ралæууыд. Æркæсут фæндæгты уавæрмæ æмæ уынгты сыгъдæгдзинадмæ. Ацы аз срухс кæндзыстæм фæндæгты 30 километ-
ры. Куыстытæ баххæст кæндзыстæм национ проект «Инфраструктура»-йы фæлгæты. Ноджы ма шофыртæ æмæ фистæг бæлццæтты æдасдзинадæн республикæйы фæндæгтыл фæзындзæн 400 ног фæндаггон нысаны. Архайдзыстæм, респуб-
ликæйы фæндæгтыл цы бæллæхтæ æрцæуы, уыдоны нымæц фæкъаддæр кæныныл, – фæнысан кодта регионы разамонæг.
Ноджы ма республикæйы Сæргълæууæг фехъусын кодта, 2026 азы арæзт æмæ бындурон цалцæг кæй æрцæудзæн 270 социалон объекты. Ныридæгæн уал ацы куыстытæ бакæнынмæ бафыстой 115 паддзахадон бадзырды, тагъд
рæстæджы бацæттæ кæндзысты иннæтæ дæр.
– Бадзырдтæ æнæмæнгæй хъуамæ бафыссæм 1 апрелмæ, кæннод, цы æхцайы фæрæзтæ сын радих кодтой, уыдон фæстæмæ федералон бюджетмæ ацæудзысты, – загъта Сергей Меняйло.
Республикæйы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрад аппаратон æмбырды фехъусын кодта, ацы аз цæхæрадæтты æмбаладты 180 хæдзармæ æрдзон газ кæй бауадздзысты, уый.
Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














