Туризмы рæзтæн – ахъаз

0
71

Республикæ дарддæр æххæст кæны Цæгат Ирыстоны экономикон рæзтæн хъæугæ кусджытæ цæттæ кæныны нысантæ. Сæ иутæ баст сты иумæйаг ахуырады кусæндæттимæ.

Ныридæгæн не скъолаты байгом сты æмæ кусынц, зæрдæмæдзæугæ дæсныйад сывæллонæн йæ бон равзарын кæм уыдзæн, ахæм дæсныйадон кълæстæ. Сæдæгай рæзгæ ахуырдзаутæ зонгæ кæнынц дæсныйæдтимæ.

Зæгъæм, «Туризм æмæ уазæгуарзондзинад»-ы кълæсты ахуырдзаутæн ис сæхи сæ фидæны дæсныйады бафæлварын, уымæй уæлдай ма хæстæгдæр базонгæ вæййынц сæ райгуырæн бынаты историимæ, культурæимæ, æрдзон хæзнатимæ. Ацы ран Сывæллæттæ æмæ рæзгæ фæлтæрты туризмы республикон центры архайд ахсджиаг у.

Центры специалисттæ туризмы сусæгдзинæдтæ базоныны æппæт хъуыддæгты архайынц, ахуырадон æмæ зонындзинæдтæ райсыны мадзæлттæ сын амонынц. Ахуырады хъуыддагмæ хæссынц туризмы рæзты хуыздæр дæнцæгтæ.

«Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы национ проекты фæрцы фæзынд скъолатæ æмбæлгæ фæрæзтæй сифтонг кæныны фадат. Уыдоны руаджы æппæт ахуырадон нысантæ хуыздæр æнтысынц.

 

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here