Советон адæмы æнæмæлгæ намыс

0
66

Дыууæ æмæ цыппарыссæдз азы размæ (1944 азы 27 январы) Ленинград æнæхъæнæй дæр уæгъдгонд æрцыд фашистты æфсæдты æрхъулайæ (блокадæйæ). Цытæ бавзæрстой номдзыд сахары цæрджытæ æмæ йæ хъахъхъæнджытæ 872 бон æмæ ‘хсæвы, цы хъизæмæртты бахаудтой, уый у арф хъуыдыты аккаг.

Уыцы хабæрттæ Хъахъхъæдуры астæуккаг скъолайы хистæркъласонтæн лæгдзинады урочы ракодтой Кировы районы ветеранты уынаффæдоны сæрдар Бедойты Феликс æмæ Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы Кировы районы хайады уынаффæдоны сæрдар Къубалты Солтан. Кæй зæгъын æй хъæуы, историйы урочыты дæр фæцæуы ныхас уыдæттыл, фæлæ ахуырдзауты уазджытæ дæнцæгтæ ‘рхастой, æрхъулайы чи аирвæзт, уыдоны мысинæгтæй, ноджы ма æндæр цаутæ.

Зæгъæм, 1941 азы 21 сентябры гитлерон Германийы разамынд бацæттæ кодта сæрмагонд доклад. Уым комкоммæ загъд ис: «…Мы блокируем Ленинград (герметически) и разрушаем город, если возможно, артиллерией и авиацией… Остатки «гарнизона крепости» останутся там на зиму. Весной мы проникаем в город, вывозим все, что осталось живое, вглубь России или возьмем в плен, сравняем Ленинград с землей…»

— Æз фембæлдтæн æрхъулайы хæцæг æфсæддонтæй цалдæримæ, — дзырдта хæсты сывæллæтты фæлтæры минæвар, Цæгат Ирыстоны кадджын ветеран Къубалты Солтан. — Уыдоны ныхæстæм гæсгæ, Ленинграды цæрджыты фæразондзинад æмæ сырхæфсæддонты сгуыхтдзинæдтæн æмбал нæ уыд. Зын у уыцы хъайтардзинадæн аккаг аргъ скæнын, фæлæ сын сæ кад æнустæм цытджын кæнын у не ‘ппæты хæс дæр. Хъуамæ æппæт уыцы хабæрттæ зоной, æнæмæнг, нæ рæзгæ фæлтæртæ, уой сын табуйаг æмæ ленинградæгтау иузæрдион уой нæ бæстæйыл.

Æрæджы, 2 февралы, сбæрæг кодтам Сталинграды бынмæ хæстытæ фæуыны 83 азы. Уыцы бон, 1943 азы, Сырх æфсад дæрæнгонд фæцис æрхъулайы бахауæг фашистон æрдонгты зынгæ хай. «Раст уырдыгæй, цæугæдон Волгæйы былгæрæттæй, йæ хур ныгуылын райдыдта гитлерон Германыл», – дзырдтой уазджытæ. Хъахъхъæдуйрæгтæй дæр бирæтæ архайдтой Сталинграды бынмæ карз хæстыты æмæ сæхи
‘вдыстой хъæбатырæй. Уыдоны лæгдзинад хъуамæ рох ма уа сæ мыггæгтæ æмæ хъæуккæгты ног фæлтæртæй.

— Нæ ныхасы кæрон æрымысæм немыцаг фыссæг Белль Генрихы (1917-1985) ныхæстæ: «Абоны онг дæр немыцæн сæ фылдæр хай нæма бамбæрста, Сталинградмæ сæ кæй ничи хуыдта, стæй, кæм фæуæлахиз сты, уым сæхи тугдзых сырдты хуызæн кæй æвдыстой…» Сæ номдзыд æмзæххоны ацы ныхас Германийы ныры разамонджытæ кæнæ зонгæ дæр нæ кæнынц, кæнæ та йæ зонынц, фæлæ йæ бамбаринаг не сты æмæ тугмондагæй хылкъахæнтæ аразынц.

— Уыцы хылкъахтæй равзæрд сæрмагонд æфсæддон операци, æмæ дзы уæ фыдæлтæ æмæ хистæр æфсымæртæ Фыдыбæс-тæ хъахъхъæнынц неонацизм æмæ неофашизмæй. — Уыдонæн баххуыс кæнын у алкæй хæс дæр. Уæ
фыстæджытæ сын сæ ныфсыл ныфс æфтауынц, сæ тыхыл — тых. Нæ зæрдæ сын зæгъы тагъд рæстæг сæрæгасæй сæ бинонтыл сæмбæлын уæлахизимæ, — кæронбæттæны загъта Къубалты Солтан.

 

КЪУБАЛТЫ Аркади

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here