Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн уыд хъуыддаджы фембæлд банк «ВТБ»-йы разамонæг Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Дыренкоимæ.
Фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой нæ рес- публикæйы Хицауад æмæ финансон кусæндоны ‘хсæн æмгуыстады фарстатыл, стæй Цæгат Ирыстонæн æхцайæ æххуысы фадæттыл.
– Ныртæккæ «Внешторгбанк»-ы хайæдтæ Цæгат Кавказы федералон зылды рæзынц. Федералон зылды байгом кæнæм ног офистæ, стæй дзы чи ис, уыцы офистæ дæр нывылгонд цæуынц. Æрæджы Дзæуджыхъæуы байгом физикон æмæ юридикон иуæгтæн банчы цыппæрæм офис, æдæппæт та Цæгат Ирыстоны ис нæ банчы фондз офисы. Ног офис кæй байгом, уый руаджы регионы экономикон архайд фæрæвдз уыдзæн, – загъта Александр Дыренко.
Адæм банчы лæггæдтæй цæмæй нырæй парахатдæрæй пайда кæной, уымæ, стæй республикæйы экономикон райрæзтмæ арæзт чи у, Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, регион ахæм иумæйаг проектты архайынмæ цæттæ у.
Уымæй уæлдай, фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой мызды проекты райрæзты фарстайыл, стæй регионы цæрæг адæймаджы картæ сфидар кæныны фадатыл (мызд банчы картæмæ исыны фæрцы банк адæймагæн иуæй-иу льготæтæ дæтты; регионы цæрæг адæймаджы картæйы фæрцы та адæймагæн ис фиддонты документ, ахуыр-
гæнæндонмæ бацæуыны бардæттæг æвдисæндар æмæ æхсæнадон транспортæй цæуыны фæдыл фæндаггаджы аргъы бафыст баиу кæныны фадат).
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады пресс-службæ














